филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:25 понедельник, 15 декабря 2025
02 августа 2025, 10:34
Кавказаг къахвæндаг денджызæй-денджызмæ у фистæгæйцæуæн маршрутты хыз

Ныртæккæ проектыл куыст цæуы, фæлæ ныридæгæн атезгъо кæнын ис хицæн аивгонд бынæтты

Кавказаг къахвæндаг денджызæй-денджызмæ у фистæгæйцæуæн маршрутты хыз. Ныртæккæ проектыл куыст цæуы, фæлæ ныридæгæн атезгъо кæнын ис хицæн аивгонд бынæтты. Ацы хъуыды æрцыд математик æмæ бæлццон Ирина Грушанинамæ. Стыр фистæгæйцæуæн маршруты райдиан ис Дербенты, йæ кæрон та Краснодары крайы Красная Полянæйы æмæ цæуы Цæгат Кавказы æппæт республикæты уылты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Бирæ километрты фæндаг нæ тыхсын кæны, сæйраг нысан ис ацы фæндаг ацæуыны. Проект «Кавказская тропа»-йы командæ хæххон фистæгæйцæуæн маршруттæ фыццаг сæхиуыл банкъарынц, уый фæстæ сæ иннæты размæ рахæссынц. Цæгат Ирыстон иртасын райдыдтой æппæтæй цымыдисагдæрæй – национ парк «Алани»-йы къахвæндагæй.

Хъаспийы денджызæй Сауы денджызы онг маршруттæ сбæттыны хъуыды æрцыд Ирина Грушанинамæ. Фистæгæйцæуæн къахвæндæгтыл æрзылд æмбисдунейыл. Æмæ иу хатт сфæнд кодта, ахæм хуызы Уæрæсейаг Кавказ баиу кæнын. Проектыл практикон куыст райдыдта 2021-æм азы майы. Уæдæй фæстæмæ ныр 5-æм сезон йæ командæ иртасы маршруттæ, къæпхæнгай сæ бахæссы иумæйаг хыгъдмæ. Нырма уал йæ дæргъ у 1 мин æмæ 400 километры бæрц. Уыцы иу рæстæг ма кусынц радиалон маршруттыл. Сæрмагондæй ахæмтæ ссардтой Цæгат Ирыстоны.

Радиалон маршруттæ чи уарзы, уыдонæн Ирыстон хорз бæззы. Ам  сты алыхуызон. Дыгургомы рæсугъддзинæдтæ дисы фтауынц фæлтæрдджын бæлццæтты дæр. Фæлæ экспедицийы архайджытæн æрмæст уыдон цымыдисаг не сты.

Ирина Грушанина Цæгат Ирыстоны къахвæндæгтæ дарддæр иртасдзæн иннæ аз дæр. Уыцы рæстæгмæ фæнд кæнынц лæмбынæг бакусын республикæйы маршруттыл. Ацы хъуыддаджы Иринæйæн æххуыс кæны йæ математикон ахуырад. Цы информаци æмбырд кæны, уый бахæссы, сайты цы тректæ мыхуыр кæнынц, уырдæм. Кавказаг къахвæндагыл цæугæйæ, сæ спайда кæнын уыдзæн алкæйы бон дæр.

Национ парк «Алани»-йы иртасджытæ ныридæгæн бабæрæг кодтой цъити, раиртæстой æхсæрдзæнтæм рацæуæнтæ, æрзылдысты хæххон къахвæндæгтыл. Бæлццæттæ æрмæст парчы рæсугъд бынæттæ нæ нысан кæнынц, фæлæ йæ куысты арæзт дæр.

Куыстуат «Заповедная Осетия-Алания»-имæ проект «Кавказская тропа»-йы уæнгтæ æмгуыстад фыццаг аз нæ кæнынц. Иумæ æххæст кодтой проект. Тагъд ма фæзындзæн ноджы дæр иу. Маршруттæ иртасынц æрмæст национ парчы нæ, фæлæ фæдзæхст бынаты дæр. Цæгатирыстойнаг куыстуаты фæндты ис ног къахвæндæгтæ гом кæнын æмæ зæрæдтæ ног кæнын.

Кавказаг къахвæндагыл куыст дарддæр æххæстгонд цæудзæн. Хъаспийы денджызæй Сау денджызмæ фистæгæй ацæуын алкæйы бон не суыдзæн. Проект аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы маршрутыл ацæуын бантысдзæн æрмæст фæлтæрдджын балццæттæн, Радиалон маршруттыл та ацæуын уыдзæн алкæйы бон дæр. 2027-æм азмæ картæйыл фæзындзысты Цæгат Ирыстоны локацитæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania