Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Лаурæйы зæрдæмæ тынгдæр цæуы, зын бацæуæн кæдæм у, ахæм кæмттæ, къардиутæ æмæ хæхтыл тезгъо кæнын
Кавказаг леопардтæ Цæгат Ирыстоны хъæдты сæхи æнкъарынц хорз. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Лаурæйы зæрдæмæ тынгдæр цæуы, зын бацæуæн кæдæм у, ахæм кæмттæ, къардиутæ æмæ хæхтыл тезгъо кæнын. Цуан кæны хъæддаг сырдтыл. Хостæ та уарзы хуымæтæгдæр бынæтты уæвын, фæлæ уыцы-иу рæстæг нæ тæрсы абухгæ дæтты бацæуын æмæ суанг фæндаджы сæрты ахизын дæр. Фылдæр цуан кæны згъарæгтыл æмæ хъæддаг куыйтыл. Лео хæхтæм тезгъо кæнын тынг нæ уарзы. Фылдæр вæййы быдырты. Раззагазиаг леопардтæ схъомыл кодтой Сочийы национ парчы. Уæвгæ, Кавказы территорийы 50 леопардæй къаддæр хъуамæ ма уа. Сырдты рауадзыны размæ, ацæуынц сæрмагонд тестытæ. Уый размæ та сæ фæахуыр кæнынц цуан кæныныл æмæ адæймагимæ фембæлдæй хи хъахъхъæныныл.




