24 июня 2014, 17:17
Кавказы хъæдты фыранкты хуыз сног кæныныл ныхас цыд Цæгат Ирытоны конференцийы
Архайдтой дзы Мæскуыйы æмæ Цæгат Кавказы æрдзхъахъхъæныны минæвæрттæ. Гæдыты стыр мыггаг бахъахъхъæныны тыххæй Глобалон экологон фонд Уæрæсейæн радих кодта 15 миллуан сомы.
Архайдтой дзы Мæскуыйы æмæ Цæгат Кавказы æрдзхъахъхъæныны минæвæрттæ. Гæдыты стыр мыггаг бахъахъхъæныны тыххæй Глобалон экологон фонд Уæрæсейæн радих кодта 15 миллуан сомы. Проект 5 азы дæргъы æххæст кæндзæн хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фонд. Нысангонд цæуы Дард Скæсæны, Алтайы æмæ Цæгат Кавказы, сæрмагондæй хъахъхъæд чи цæудзысты, ахæм бынæттæ саразын. Ацы регионы цæрынц егъау гæдыты мыггæгтæ: Амураг тигр, митын стай, дардскæсæйнаг æмæ раззаг азийы леопардтæ. Се ппæт дæр хаст сты сырх чиныгмæ. Раззаг азийы кæнæ та Кавказаг леопард кæддæр парахат уыд Кавказы фæзуаты, фæлæ фæстаг азты сæ мыггаг фесæфт. Проект царды рауадзынмæ фæсиддзысты бынæттон цæрджыты æххуысмæ дæр. Сараздзысты сын куысты бынæттæ дæр.
Моурауты Æхсæртæг, Цæгат Ирыстоны æрдзон фæдзæхст бынаты хицау: «Ацы стыр гæдытæ, франтæ кæй хонынц. Уыдон кълеткæты хуылфы дарынц Сочийы, уым бирæ кæнынц. Цот дæр сын фæзынди. Уыдис ма иу ахæм æмбырд Краснодары дæр. Уым дæр сæмбырд сты алы рæттæй æмæ ныхас кодтой, цæмæй ацы гæдытæ Кавказы ногæй фæзыной, уый тыххæй».
темæмæ гæсгæ




