02 июня 2014, 17:27
Казахстаны цæрæг ирæттæ 20 азы размæ сарæзтой диаспорæ, абоны онг ын разамынд дæтты не ‘мзæххон Кочиты Фатимæ
Ирыстоны арæх вæййы. Ныр йæ райгуырæн зæхмæ æрбацыд кусæг балцы. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæтимæ æмæ национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр

Ирыстоны арæх вæййы. Ныр йæ райгуырæн зæхмæ æрбацыд кусæг балцы. Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæтимæ æмæ национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Фрайты Сосланимæ æрдзырдтой Ирыстонмæ Казахстаны делегацийы æрбацыдыл.
Кочиты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй Казахстаны ирæттæ тынг кадджын сты. Диаспорæ архайы ирон æгъдæуттæ æмæ культурæ парахат кæнын. Уæлдай цымыдисаг та сты ирон хæринæгтæ. Горæт Актауы разамынд Ирыстонмæ æрбацæуы хуымæтæджы не сфæнд кодта. Фæнды сæ нæ республикæйымæ бастдзинæдтæ æмæ æнтыстджын æмгуыстад сфидар кæнын. Æрæджы та Казахстаны уыд Ирыстоны делегаци, кæцы алывæрсыгæй равдысты нæ республикæйы цард.

темæмæ гæсгæ