Мемориалон комплекс арæзт у мраморæй конд æртæ къæйдурæй
Мæздæджы районы Киевскæйы хъæуы байгом кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы Хъæбатырты Номыл сквер. Мемориалон комплекс арæзт у мраморæй конд æртæ къæйдурæй. Сæ иуыл – хъæуы цæрæг, хистæр сержант Александр Ковленкойы къам. Уый, йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, хъæбатырæй фæмард Украинæйы. Иннæ дыууæ къæйдурыл та фыст æрцыдысты Мæздæджы районы æфсæддонты мыггæгтæ. Дыууæйæ дæр сæ амæлæты фæстæ хорзæхджынгонд æрцыдысты лæгдзинады Ордентæй. Архистратиг Михаилы номыл аргъуаны сæргълæууæг æдзард хæстонты номыл скодта сæрмагонд аргъуыд. Митинджы архайдтой районы разамынд, ветеранты Советы æмæ «Хæстон æфсымæрады» уæнгтæ, дины кусджытæ, хъазахъхъæгтæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ. Хъæбатырты ном ссардтой, минут æдзæмæй алæугæйæ.




