Йæ режиссер у Цæлыккаты Вадим
Кинойы хæдзары æвдысты æрцыд киноныв «Алибек». Йæ режиссер у Цæлыккаты Вадим. Кинонывы сæйраг хъайтар у цирчы зындгонд династийы минæвар Хъантемыраты Алибек. Ацы куыстæй Цалыккаты Вадим адарддæр кодта йæ куыстыты цикл бæхылбадджыты сфæлдыстады тыххæй. Бæхылбадджыты скъолайы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алибек йæ фырттæ Ирбег, Хасанбег æмæ Мухтарбегимæ Советон Цæдисы рæстæг сарæзтой кинойы трюктæ кæныны системæ. Хъантемыраты тыххæй дзырдтой – райгуырынц манежы æмæ уайтагъд, барджытæ свæййынц. Кинонывы авторы ныхæстæм гæсгæ, бацархайдта адæммæ фæхæццæ кæнын, артистæн канд йæ зынгонд хъуыддæгтæ нæ, фæлæ ныры онг кæй никуы ма фехъуыстой ахæм цаутæ, йæ сфæлдыстадæй æмæ йæ цардвæндагæй. Йæ премьера уыд федералон канал «Культура»-йыл дæр.




