филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:17 суббота, 28 сентября 2024
02 ноября 2021, 10:34
Кинотеатртæм æмæ спортивон залтæм та нæй цæуæн æнæ QR-кодтæй, кæнæ æнæ ПЦР-тесты бæрæггæнæнæй

Коронавирусы инфекцийы уавæр республикæйы нырма у карз

Коронавирусы инфекцийы уавæр республикæйы нырма у карз. Сæ тыхы бацыдысты уæлæмхасæн домæнтæ. Афтæ, æнæкусгæ бонты нæй дзыллон мадзæлттæ аразæн. Кинотеатртæм æмæ спортивон залтæм та нæй цæуæн æнæ QR-кодтæй, кæнæ æнæ ПЦР-тесты бæрæггæнæнæй. Цæгат Ирыстон куыд æххæст кæны ног домæнтæ, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Вакцинацийы тыххæй куар-код, низы тыххæй æвдисæндар кæнæ та ПЦР-тесты æппæрццæг нысаниуæг. Æнæ уыдонæй ныртæккæ адæймаг йæ уæгъд рæстæг йæ зæрдæйы фæндиаг нæ арвитдзæн. Æхсæнадон хæрæндæттæм æнæ уыцы æвдисæндартæй бацæуæн нæй –  кæсгæ дæр дæм ничи ракæндзæн. Уый сæхи цæстæй федтой Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды управленийы кусджытæ. Радон рейдмæ рацыдысты граждайнаг уæлæдарæсы.

Коронавирусмæ дæм иммунитет ис, æви нæ, уый тыххæй æвдисæндар хъуамæ æрбахæссой куыстуæтты фæллойгæнджытæ дæр. Иммунитет низы уылты чи нæ райста, уыдон та хъуамæ прививкæтæ скæной фыццæгæм декабрьмæ. Болæтаты Вероникæ у ацы кафейы хицау æмæ йæ нæ бафæндыдис, цæмæй йæ куысты фæкъуылымпы уа, уый æмæ уал ацыд вакцинацийы фыццаг къæпхæн.

Хæдзармæ заказ скæнæн ис раздæрау. Ног фæтк уымæй уæлдай бар нæ дары, æстдæс азы онг кæуыл цæуы, уыдонмæ дæр.

Радон рейдты рæстæг ведомствæты æхсæн къамис сбæрæг кодта дыууæ барадхæлды. Ресторанты арæзтой чындзæхсæвтæ æмæ ныр сæ хицæуттæ бафиддзысты ивар, протоколтæ та арвитдзысты тæрхондонмæ. Фæлæ Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды службæ куыд зæгъы, афтæмæй амалхъом адæмæн сæ фылдæр æнæзæрдæхудтæй æххæст кæнынц амынддзинæдтæ.

Бирæты нæ фæнды уыцы домæнтæ æххæст кæнын æмæ уый тыххæй уайтагъд фæстæмæ аздæхынц. Уый та стыр зиан хæссы бизнесæн, уазджытæ та фыдæнхъæл фæвæййынц. Нæ рейд куыд равдыста, афтæмæй дæм куар-код куы уа, уæд изæры иуæндæс сахатмæ цыфæнды ранмæ дæр дæ бон у æдыхстæй бацæуын. Æнæкусгæ бонты дæр Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды службæ бæлвырд кæсы рынчынты нымæц куыд ивы, уымæ.

Уыцы мадзæлтты ахадындзинадыл нырма раджы у дзурæн. Фæлæ зæрдæ дардзыстæм, уавæр кæй аивдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania