филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:58 воскресенье, 01 февраля 2026
11 октября 2019, 17:10
Кировы районы аразынц бæрæгбоны мадзæлттæ Змейкæйы 170 азы кадæн

Станицæйы цардæрфыст райдыдта 1838 азы. Уæд Уæрæсейы империйы хицауад Арвыкомы фæндаг фæфидар кæныны тыххæй райдыдта аразын хъахъхъæнынадон лини.

Кировы районы аразынц бæрæгбоны мадзæлттæ Змейкæйы 170 азы кадæн.

Станицæйы цардæрфыст райдыдта 1838 азы. Уæд Уæрæсейы империйы хицауад Арвыкомы фæндаг фæфидар кæныны тыххæй райдыдта аразын хъахъхъæнынадон лини. 1849-æм азы йæ рахастой Æрджынарæджы размæ. Фыдыбæстæйы стыр хæсты рæстæг ам цыдысты тугкалæн тохтæ Цæгат Кавказ суæгъд кæныны тыххæй. Бæрæгбоны мадзæлттæ Змейкæйы райдыдтой кадджын литургияйæ бынæттон аргъуаны. Уазджытæн бацæттæ кодтой мидисджын программæ: ис дзы хъæууонхæдзарадон армукъа, равдыстытæ, концерттæ.

Ацы бон ма станицæйы байгом кодтой Къостайы номыл скульптурæ. Уæвгæ йæ 160 азы юбилеймæ бирæ хъæуты фæзынд ирон рухстауæджы цыртдзæвæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania