филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:53 суббота, 21 сентября 2024
25 сентября 2014, 11:22
Кировы районы хъæу Ираныл афæлгæст

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас Азийы хуссар-ныгуылæн хайы паддзахадыл нæ цæуы, фæлæ цæгатирыстойнаг Ираныхъæуыл. Федералон трассæйæ дыууæ километры фалдæр рæсугъд бынат фыццаг иронау схуыдтой «йæ ран», зæгъгæ. Æмæ дзы фыццаг цæрджытæ æрбынæттон сты 1927-æм азы. Уыдон уыдысты Быдыры Дæргъæвсæй ралидзæг 25 бинонтæ.

74102
Кировы районы цыфæнды хъæуæй дæр Иранмæ бахæццæ уæвæн ис цыбыр æмгъуыдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас Азийы хуссар-ныгуылæн хайы паддзахадыл нæ цæуы, фæлæ цæгатирыстойнаг Ираныхъæуыл. Федералон трассæйæ дыууæ километры фалдæр рæсугъд бынат фыццаг иронау схуыдтой «йæ ран», зæгъгæ. Æмæ дзы фыццаг цæрджытæ æрбынæттон сты 1927-æм азы. Уыдон уыдысты Быдыры Дæргъæвсæй ралидзæг 25 бинонтæ.

Сыгъдæг цæугæдон æмæ рæсугъд хъæд. Рæстæджы цыдимæ дзырдбаст «йæ ран» райдыдтой иу дзырдæй хонын. Æмæ сси Иран, Ираныхъæу. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ Азийы Хуссар-ныгуылæн хайы паддзахадимæ ницы бæтты. Уый тыххæй æвæстиатæй фехъусын кæнынц бынæттон цæрджытæ, куыддæр хъæумæ бацæуай, афтæ. Æрæджы та чысыл хъæу, Пятигорскмæ цæугæйæ, бабæрæг кодта Ираны минæвар Уæрæсейы Мехди Санаи.

Фæсарæйнаг дипломат раарфæ кодта ацы хъæуы цæрджытæн, æмæ сын йæ зæрдæ загъта фарн æмæ амонд. Кæддæр уыцы амондагур æрбынат кодтой ам фыццаг цæрджытæ. Ираныхъæуæн бындур æвæрд æрцыд 1927-æм азы. Æмæ дзы рцардысты Быдыры Дæргъæвсæй ралидзæг 25 бинонтæ.

Цырыхаты Георгий Иранмæ ралыгъд Быдыры Дæргъæвсæй, 18 азы йыл куы цыди, уæд. Цæрæнбонты фæкуыста трактористæй. Хъæуы иннæ кадджын хистæр Рæмонаты Петр та ам райгуырд. Хъæу куыд рæзыд, уый уыдта йæхи цæстытæй.

Ираныхъæуы зындгонддæр цæрджытæй иу у Джыбылаты Иринæ. Хъæуы истори базонын кæй фæнды, уый, æнæмæнг, бацæудзæн ацы сылоймагмæ. Иринæ у Ираны фыццаг ноггуырдтæй иу. Ахæм ном дæр ыл хуымæтæджы нæ сæвæрдтой. Йæ ныййарджыты фæндыд, цæмæй сæ сывæллоны ном уа хъæуы номмæ хæстæг. Ахæм цаутæ дзы иу æмæ дыууæ фенæн нæй.

Джыбылаты Иринæ: «Ам адæм зæххы куыст кодтой. Нартхор, мæнæу… фæлæ хæст куы райдыдта, уæд уыцы куыст чи кодтаид, уый нал уыди. Хорз æй хъуыды кæнын, Хъодзаты Иринæ æмæ Дзантиаты Фаризæт трактортыл куыд сахуыр сты, уый».

Хъæуы хицау се ппæтæн дæр сæрбæрзондæй февдисы къамты коллекци. Ацы хуызистыты æвдыст цæуы ираныхъæуы нырыккондæр истори. Зæгъæм, бынæттон футболистты уæлахизтæ, алыхуызон бæрæгбæттæ æмæ бирæ æндæр ахсджиаг цаутæ. Сæ райгуырæн хъæу бынæттон цæрджытæ æгæрон уарзтæй уарзынц. Уый бæрæг дары уынгты сыгъдæгдзинадыл, хæдзæртты аивдзинадыл дæр.

Фидараты Тотырбег, Ираны администрацийы сæргълæууæг: «Ныры онг сцалцæг кодтам фæндæгтæ, ныр та культурæйы хæдзар цалцæг кæнæм. Хъаумæ йæ фæуæм 2015-æм азмæ».

Йæ рæстæджы хъæуы фыццаг цæрджытæ ам æрбынат кодтой, бæркадджын зæхх æмæ æмбæлгæ уавæртæ агургæйæ. Æмæ нæ фæрæдыдысты. Бирæты ныр дæр фæнды, цæмæй сæ цот, цоты цот æмæ уыдоны кæстæртæ баззайой ам цæргæйæ. Уымæ гæсгæ стыр æргом здахынц рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Гæнæн æмæ амалæй сын уарзын кæнынц спорт, сфæлдыстад, национ культурæ, сæ уидæгтæ. Иу ныхасæй сæ гыццыл, фæлæ кадджын хъæу Иран.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania