филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:41 среда, 13 августа 2025
11 июля 2025, 10:22
Кировы районы минæвæртты сконд бахаста фæндон, Комсомольскæйæн «Æфсæддон намысы хъæуы» ном раттыны тыххæй

Уынаффæмæ æркæсдзæн, республикæйы Сæргълæууæджы цур сæрмагонд къамис

Комсомольскæйы хъæу 1942-æм азы сси, немыцаг фашисттæн басæттын чи нæ бакуымдта, ахæм бынат. Цыдысты дзы карз тохтæ, фæмардысты сæдæгай салдæттæ. Ныр Кировы районы минæвæртты сконд бахаста фæндон, Комсомольскæйæн «Æфсæддон намысы хъæуы» ном раттыны тыххæй. Уынаффæмæ æркæсдзæн, республикæйы Сæргълæууæджы цур сæрмагонд къамис. Кæронбæттæн уынаффæ та рахæсдзæн Цæгат Ирыстоны Парламент. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

9 хæрз æфсымæры ацыдысты хæстмæ, фæстæмæ сыздæхтысты дыууæйæ… 41-æм азы Цомартаты Венерæйыл цыд 10 азы. Йæ бинонтимæ цардис чысыл хъæу Комсомольскæйы, кæцы æрцыд оккупацигонд. 9 æфсымæры атындзыдтой райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ. Æппæты кæстæр Мухарбегыл кæд  17 азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр йæ хистæрты хуызæн ацыд знаджы ныхмæ тох кæнынмæ.

Цомартаты æфсымæртæй сæ райгуырæн уæзæгмæ сыздæхтысты æрмæстдæр Бесагуыр æмæ Гермæн. Сæ мад Джыгкайты Ксения йæ чызджытæй иуимæ фæмард сты хъæуы, знаджы хæцæнгарзы срæмыгъды рæстæг. Ныртæккæ Венерæ цæры Беслæны, фæлæ алы аз дæр 9-æм майы æрцæуы йæ райгуырæн хъæумæ.

Комсомольскæйы Фыдыбæстæйы Стыр хæстимæ баст мысинæгтæ цæрынц алы дуры дæр. Знаг 1942 -æм азы фæззæджы ауылты бырста Дзæуджыхъæумæ, фæнд кодта Æрджынарæг хъахъхъæнджытæм фæсчъылдымæй бацæуын. Фæлæ йын нæ бантыст. 1942-æм азы Комсомольскæ цалдæр мæйы уыд оккупацигонд. Уыцы рæстæг хъæуы хæдзæртты нымæц хæццæ кодта 104-мæ.  Немыцæгтæ ныппырх кодтой се *ппæт дæр.

Знаг Комсомольскæйыл уæлдæфæй иу æмæ дыууæ хатты не *рæппæрста бомбæтæ. Уæд аскъуыд 28 адæймаджы цард. Хистæр кары адæм, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ – немыцæгтæ тæригъæд никæмæн кодтой.  Æнæхъæн бинонтæй чи фæмард, уыдоны нымæц дæр чысыл нæ уыд.

Æгъатыр тох кæм цыд, уыцы бынаты æвæрд ис æфсымæрон ингæн. 171 салдат радтой ам сæ цард Уæлахизы сæрвæлтау. 317-æм æхсæг дивизи ам æрлæууыд знаджы ныхмæ. Комсомольскæйы цæрджытæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц сæ хъæуы истори, æдзух зилынц æфсымæрон ингæнмæ æмæ йæ алыварс территоримæ.

Хъæуы администрацийы кæрты æвæрд ис цыртдзæвæн, Комсомольскæйæ хæстмæ чи ацыд, уыцы æдзард салдæтты номыл. 109-æй сыздæхтысты æрмæст 20 хъæбатыры. Хъæуы сæргълæууæг Аулохты Валерийы хъæппæрисæй базылдысты, оккупацийы рæстæг чи фæмард, уыцы цæрджытæ кæм æвæрд сты, уыцы уæлмæрдмæ.

Комсомольскæйы нæ рох кæнынц, оккупацийы рæстæг чи фæмард, уыцы цæрджыты. Стыр аргъ кæнынц сабырдзинадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania