филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
06 апреля 2021, 14:06
Кировы районы ныссагътой 100 талайы

Республикæйы у 4-æм бынат, æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты чи фæзынди

Зæрдылдарæн акци парахат кæны æнæхъæн бæстæйыл. Кировы районы ныссагътой 100 талайы. Республикæйы у 4-æм бынат, æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты чи фæзынди. Кавказы сæраппонд бирæ хъæбатыр салдæттæ æнустæм баззадысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдыры. Фæлæ знаджы нæ бауагътой Æрджынарæджы дуæрттæ байгом кæнын. 9-æм маймæ æдæппæтæй сагъд æрцæудзæн 45 мины æмæ 5 сæдæ бæласы. Цæгат Ирыстонæй хæстмæ ацыди æмæ дзы нал сыздæхт уал адæймаджы. Абоны Мæздæджы æдзард хъæбатырты номыл сагъд æрцæудзæн 2 мины æнгуз бæласы. Ахæм патриотон акциты фæрцы иуæй дуне кæны рæсугъддæр, иннæмæй та фæлтæртæ нæ рох кæнынц ныфсхаст хæстонты рухс ном. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Сæлбиты Хъантемыр зоны, бæлас раст куыд садзын хъæуы, уый, æмæ йæ зонындзинæдтæ дих кæны йæ хæлæрттимæ. Кусын уарзы, тæрсгæ дзы нæ кæны. Разæй йæм цы куыстытæ æнхъæлмæ кæсы, уыдонмæ дæр тырны йæхæдæг. Къахдзæфгай æмæ Елхоты уынгтæй иу саив 100 бæласæй.

Хуымæтæг хъуыддæгты арæх вæййы стыр мидис. Ацы цадæн ис стыр ахадындзинад. Алы бæлас дæр дзы зæрдыл лæууын кæны, кæддæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырмæ чи ацыди, æмæ æнустæм уым чи баззади, уыдоны тыххæй.

Цæгат Ирыстон ис, стыр патриотон акци «Сад памяти»-йы чи архайы, уыдоны хыгъды. Ацы аз фыццаг бæлæстæ ныссагътой Майрæмададжы. Ацы хатт та Елхоты. Елхот у фæстаг бынат, фашистты æфсæдтæ кæдæм æрбахæццæ сты. Хъæбатыр хъахъхъæнджытæ бауæрæдтой æмæ ныппырх кодтой знаджы. Æрджынарæджы дуæрттæ æхгæдæй баззадысты Бакуйы нефтьмæ чи тырныдта, уыдонæн.

Парти «Родина»-йы волонтертæ, скъоладзаутæ, бынæттон црджытæ… Патриотон хæс сæххæст кæныныл архайынц иумæйагæй. Фæлтæрты иудзинад та зæрдæйæн кæдфæндыдæр хæссы æхсызгондзинад. Бæлæстæ ныссадзынæн ацы бынат хуымæтæджы нæ равзæрстой. Аллейæйæн бындур æвæрд æрцыди хæдзæрттæм хæстæг. Цæмæй фадат уа, бæлæстæм зилынæн. Стæй сæ æрвылбон уынгæйæ адæймагæй нæ рох кæндзæн нæ абоны сабыр царды сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хъæбатыр хæстонты рухс ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania