филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:42 суббота, 09 ноября 2024
12 июля 2024, 11:46
Кировы районы зæхкусджытæ иу рæстæг кæнынц цалдæр куысты

Фæззыгон культурæтæ ахсынц 2 æмæ æрдæг мин гектары

Аграрон къабазы кусджытæн ралæууыд ахсджиаг рæстæг – тыллæг æфснайыны афон. Кировы районы зæхкусджытæ иу рæстæг кæнынц цалдæр куысты –  тонынц чылауитæ, æфснайынц хъæбæрхор æмæ мæнæу.  Фæззыгон культурæтæ ахсынц 2 æмæ æрдæг мин гектары. Хор æфснайæн куыстытæ бацыдысты сæ тæмæны. Боныхъæд – зæхкусæгæн æххуыс. Хъарм  бонтæ – æфснайынæн æнцон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Донджын, хæрзад, рæсугъд. Дыргъдоны бæлæсты къалиутæ æртасыдысты дыргъты уæзæй. Кировы районы 65 гектарыл сагъд сты чылауийы 7 хуызы. Раздæр срæгъæд анапæйаг. Уый рагацау чи сцæттæ вæййы, ахæм  дыргъы хуыз у. Тоныны размæ сæм специалисттæ бæстон æркæсынц. Фыццаджыдæр, хыгъд фæцæуы сæ рæгъæддзинад. Æрмæст сæ уый фæстæ райдайынц тонын.

Дыууæ бригады 20 -гай адæймаджы. Дыргътæ тонынц хъавгæ. Чылауитæ æвзарынц æмæ ласынц дыргъæвæрæн бынатмæ. Иу бонмæ сæмбырд кодтой 560 ащыччы. Чылауиты тыллæг ацы аз хъуамæ уа 500 тонны. Дарддæр та æрлæудзæн фæткъуыты – Вильямс æмæ Женевæйы хуызтæ тоныны рæстæг.

Мæйы райдиан сæ тæмæны бацыдысты хор æфснайæн куыстытæ. Ныридæгæн уал бафснайдтой фæззыгонд хъæбæрхор 340 гектарыл. Æфснайынц мæнæу дæр. Иу гектарæй сисынц 40 центнеры. Азæй азмæ тыллæг кæны фылдæр. Ацы хоры культурæтæй уæлдай ма районы зайынц соя, нартхор æмæ æхсынæн. Æдæппæтæй Кировы районы хуымгæнд зæххытæ сты 16 мин гектары.

Кировы районы 2 æмæ рдæг мин гектары ахсынц фæззыгæнд хоры культурæтæ. Уыдон бафснайынвæнд кæнынц 15 бонмæ. Фæззæджы та бавналдзысты быдыртæ уалдзыгон куыстытæм цæттæ кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania