филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 28 сентября 2024
22 сентября 2021, 12:37
Колыты Аксойы цыртдзæвæн арвыстой реставрацимæ

Монумент æвæрд æрцыд 2006-æм азы.

Фыццаг ирон сауджын æмæ рухстауæг Колыты Аксойы цыртдзæвæн арвыстой реставрацимæ. Монумент æвæрд æрцыд 2006-æм азы. 15 азмæ бронзæйæ конд кæрдгæныв æмæ йæ алфамбылайы уавæр зæрдæхсаинаг стисты. Цыртдзæвæн цæмæй фидардæр уа, уый тыххæй йæ фыццаг скодтой бетонæй. Фæлæ йæ хуылфмæ уымæл кæй бахъардта, уымæй хæлын райдыдта. Ныр йæ рацарæзтыл кусынц, чи йæ сарæзта, уыцы специалисттæ. Рæхджы цыртдзæвæн райсдзæн йæ раздæры хуыз æмæ æвæрд æрцæудзæн йæ бынаты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania