Архайдтой дзы 50 сывæллонæй фылдæр бæстæй алы регионтæй, стæй Белоруссийæ æмæ Хуссар Ирыстонæй дæр
Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайы уыд æппæтуæрæсеон конкурс «Корабль мечты»-йы финал. Архайдтой дзы 50 сывæллонæй фылдæр бæстæй алы регионтæй, стæй Белоруссийæ æмæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Ацы ерыс ныр 4-æм хатт арæзт цæуы. Ссарынц дзы космонавтикæйы скъолайы бындурæвæрæг Къомайты Русланы ном. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Кокуаты Ариант Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайы ахуыр кæны 2-аг аз. Фæлæ ныридæгæн йæ хыгъды ис фароны конкурс «Корабль мечты»-йы гран-при. Ацы хатт дæр йæ зæрды ис ахæм бæрæггæнæн райсын. Йæ проект цæттæ кодта ахуыры азы дæргъы.
Техникон сфæлдыстады конкурс «Корабль мечты» арæзт цæуы 4-æм хатт. Баст у космонавтикæйы скъолайы бындурæвæрæг Къомайты Русланы гуырæн бонимæ. Ацы аз ыл сæххæст уыдаид 78 азы. Мадзалы йын йæ ном æрхъуыды кодтой. Скъолайы кæрты йын йæ бюсты раз сæвæрдтой дидинджытæ.
Техникон сфæлдыстады конкурсы географи парахатдæр кæны. 4 азмæ скъолайы цы мадзал арæзтой, уый сырæзт æппæтуæрæсеон ерысы онг æппæтадæмон архайдимæ. Ацы аз финалон къæпхæнмæ равзæрстой 51 куысты. Æдæппæтæй та уыд 96 курдиаты Уæрæсейы алы регионтæй, стæй Белоруссийæ æмæ Хуссар Ирыстонæй.
Конкурсы финалон къæпхæны ис 5 номинацийы. Сæ куыстытæ бацæттæ кодтой архайджытæ 2 кары категорийы – 7-æй 12 азы онг, æмæ 13-æй 17 азы онг. Космонавтикæйы скъолайы директор Челдыты Зæлинæ куыд загъта, афтæмæй азæй-азмæ сывæллæтты арæхстдзинад бæрзонддæр кæны.
Мадзалы ма бафыстой æмгуыстады бадзырд Ростов-на-Донуйы 60-æм скъолаимæ. Ахæм æмархайд рæзгæ фæлтæрæн байгом кæндзæн ног гæнæнтæ.
