филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:52 вторник, 16 декабря 2025
27 декабря 2019, 15:41
Коммуналон службæты фиддонты ныллæг æмвæзадыл ныхас цыди Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æхсæнадон советы æмбырды

Амæй размæ ацы хъуыддаджы фæдыл арæзт æрцыдысты сæрмагонд къамистæ.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ коммуналон службæты фиддонты ныллæг æмвæзадыл ныхас цыди Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æхсæнадон советы æмбырды. Амæй размæ ацы хъуыддаджы фæдыл арæзт æрцыдысты сæрмагонд къамистæ. Горæты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы комитеты хицау Хасцъæты Мæирбег куыд загъта, афтæмæй абоны онг Дзæуджыхъæуы 170 бирæфатерон хæдзары цæрджытæ  амындæттæг хуыз нæма сбæлвырд кодтой. Æнæ разамынддæттæг компанийы лæггæдтæй чи баззади, уыцы хæдзæртты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, фæфылдæр. Горæты æхсæнадон советы сæрдар Михаил Шаталов фæсидти советы уæнгтæм, цæмæй хынцой адæмы хъæстытæ. Сæ фылдæр хай баст сты, аварион цаутæ куы æрцæуы, уæд бынатмæ лæггадгæнæг компанитæй кæй ничи рацæуы, уыимæ. Михаил Шаталон зæрдыл æрлæууын кодта цæрæнуæтты фонды фарстаты фæдыл цы номырæй дзурын хъæуы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania