филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 понедельник, 15 декабря 2025
30 января 2013, 17:09
Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг хайады ног разамонæгæй нысангонд æрцыд Зæнджиаты Чермен

Æмхъæлæсæй йæ равзæрстой партийы республикон комитеты пленумы.
Раздæры фыццаг секретарь, ныры Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазыбег та амæй фæстæмæ уыдзæн Уæрæсейы коммунистон партиты цæдисы сæрдары хæдивæг.

Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг хайады ног разамонæгæй нысангонд æрцыд Зæнджиаты Чермен. Æмхъæлæсæй йæ равзæрстой партийы республикон комитеты пленумы.

Раздæры фыццаг секретарь, ныры Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазыбег та амæй фæстæмæ уыдзæн Уæрæсейы коммунистон партиты цæдисы сæрдары хæдивæг. Кусдзæн центрон комитеты национ фарстаты фæдыл секретарæй дæр. Абоны пресс-конференцийы куыд загътой, афтæмæй ма цæгатирыстойнаг хайады æрцæудзæн ивддзинæдтæ. Сæ куыстмæ сын æркæсдзысты бæстон. Уымæн æмæ парламентмæ æвзæрстыты рæстæг бахыгътой цалдæр закъонхæлды. Уымæй дарддæр коммунистон партийы цæгатирыстойнаг хайад кусы æмбæлгæ уагыл, – зæгъынц специалисттæ. Нæ республикæйы ис цыппар мин коммунистæй фылдæр.

Зæнджиаты Чермен, УФ Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг хайады сæргълæууæг: «Экономикæ размæ куы нæ цæуа. Экономикæ та цæудзæни армæстдæр уæд, æмæ нæм заводтæ куы уа, хъæууон хæдзарад куы куса, газ æмæ нефтей гыццыл адæм нæ, фæлæ адæм иууылдæр куы пайда кæниккой, уæд хуыздæр цæриккам. Æнæхъæн зæххы къорийы кризис æрцыдис æмæ махæй хуыздæр цы паддзахадтæ цæры, уыдонæн банчы проценттæ фæкъаддæр кодтой, Уæрæсейы та уæлæмæ ныццавтой. Нæ резервон фондтæ мах цæмæн дарæм фæсарæнты, нæхи экономикæйы сæ цæуыннæ æвæрæм. Нæ антикризисон программæ у тынг хуымæтæг, фæлæ у, фыццаджыдæр, адæмы цард цæмæй фæхуыздæр уа, уымæ арæзт».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania