филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:58 суббота, 31 января 2026
15 января 2026, 10:36
Компани «ЭРА»-йы хъæппæрисæй ныртæккæ цæуы ахсджиаг куыст

Æмбырд кæнынц заз бæлæстæ. Уыимæ сидынц республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ ног азы бæлæстæ хъæбæр хауæддзæгтæн контейнерты ма ппарой

Компани «ЭРА»-йы хъæппæрисæй ныртæккæ цæуы ахсджиаг куыст. Æмбырд кæнынц заз бæлæстæ. Уыимæ сидынц республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ ног азы бæлæстæ хъæбæр хауæддзæгтæн контейнерты ма ппарой. Уымæн æмæ заз бæлæстæ бирæ бынат ахсынц. Афтæмæй та хуымæтæг бырæтты пакеттæн бынат нал вæййы. Уыимæ заз бæлæстæ кæртыты, сывæллæтты ирхæфсæн фæзты, фæндаджы былгæрæтты æмæ æдзæрæг бынæтты дæр æмбырд кæнæн нæй. Уавæр расайы æнæзакъон бырондæттæм. Закъонмæ гæсгæ та уымæн хъæуы ивар фидын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, заз бæлæстæ бырæтты контейнерты чи æппара, уыдонæн фидын кæндзысты ивар 3 мин сомы онг. Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрад ныммыхуыр кодта, егъау бырæттæ æмбырдгæнæн фæзты адристæ. Уыцы бæлвырд бынæтты хъæуы заз бæлæстæ бæрæгбæтты фæстæ æмбырд кæнын. Бæлæстæ ногæй бакусдзысты, ныммур сæ кæндзысты æмæ сæ аласдзысты биокомпостировани кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania