Виталий Иванов Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæм кусæг балцытæ аразы ныр дыккаг мæй.
Компани «Россети»-йы генералон директоры хæдивæг сбæрæг кодта нæ республикæйы электрон тыхдæттæг комплексы куыст.
Виталий Иванов Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæм кусæг балцытæ аразы ныр дыккаг мæй. Цæгат Кавказы сæйраг энергетикы фæнды йæхи цæстæй фенын алы республикæйы объектты уавæр. «Россети Северный Кавказ»-ы генералон директор куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у Цæгат Ирыстоны электрон тыхы фæлхасгæнджыты хъуыдытæ хынцын, æмæ семæ æмархайд кæнын. Цы куыстуæттæ бабæрæг кодта, уыдоны хсæн уыд Алагиры районы электрон хызты куыстуат. Виталий Иванов бынаты сарæзта æмбырд æппæт дæлхайæдты разамонджытимæ. Цæгат Кавказы федералон зылды электрон тыхдæттæг холдинджы сæргълæууæг фехъусын кодта бæлвырд амындзинæдтæ, цæмæй фæлхасгæнджыты лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уа, æмæ хæрдзтæ къаддæр уой, уый тыххæй. Бæрнон кусæг ма стыр æргом аздæхта Цæгат Кавказы ацы къабазы рæзтмæ.




