филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:03 понедельник, 20 мая 2024
30 декабря 2020, 11:45
Компани «Русгидро» сывæллæтты республикон бæхты-спортивон скъолайæн балæвар кодта 4 бæхы

Скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, спортивон скъола цух æййæфта бæхтæй

Компани «Русгидро» сывæллæтты республикон бæхты-спортивон скъолайæн балæвар кодта 4 бæхы. Скъолайы разамынды ныхæстæм гæсгæ, спортивон скъола цух æййæфта бæхтæй. Ныртæккæ секцийы архайы 130 сывæллоны, бæхты нымæц та хæццæ кæны 50-мæ. Уыимæ ма сæ фылдæр базæронд сты, æмæ сæ бон раздæрау архайын нæу. Сывæллæттæн æмæ тренертæн ацы лæвар сси ног азы бæрæгбоны ирддæр цау. 4 байраджы сты хæрзмыггаг. Рæхджы сæ бон уыдзæн тренировкæтæ кæнын райдайын. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы фæзы сæхи цæттæ кæнынц 2021-æм азы Олимпаг хъæзтытæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania