Уыцы рæстæгмæ баххуыс кодта бирæ адæмæн
Адæмыл аудын æмæ сын æххуыс кæнын кæддæриддæр хорз хъуыддагыл нымад уыд. Комсомольскæйы цæрæг Мæргъиты Уарзетæ социалон кусæг у 30 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ баххуыс кодта бирæ адæмæн. Фæлæ йе нæниздзинад хъыгдард куы баййæфта, уæд йæ бинонтимæ æрхъуыды кодта æххуысгæнæг – трицикл балхæнын. Æмæ ахæм хæдтулгæимæ канд сылгоймаджы цард нæ фенцондæр, фæлæ ма йæ бæрны чи ис, уыдонæн дæр. Сылгоймагимæ базонгæ нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.
Куыстуарзаг æмæ фæллойгæнæг. Афтæ социалон кусæг Мæргъиты Уарзетæ алы райсом дæр рацæуы трициклæй æмæ бабæрæг кæны, йæ бæрны цы адæм ис, уыдоны. Бахæссы сын дзул, æркæсы сын се нæниздзинадмæ. Фæлæ ахæм æххуысгæнæг хæдтулгæ Уарзетæмæ æрæджы фæзынд. Социалон кусæг сси 1993-æм аз. Уæдæй нырмæ лæггад кæны адæмæн. Фæлæ йе нæниздзинад хъыгдард куы баййæфта, уæд ын йæ бинонтæ æрхъуыды кодтой æххуысгæнæг балхæнын.
Хынцæгты Мария у Мæргъиты Уарзетæйы сыхаг. Уыимæ сылгоймаг ис Уарзетæйæн йæ бæрны. Дуканимæ ацæуын æмæ æрвылбоны фæрæзтæ балхæнын ын зын у. Уымæ гæсгæ йын сæ Уарзетæ баласы йæ хæдзармæ. Вæййы афтæ, æмæ йын йæхи дæр раласы, цæмæй сыгъдæг уæлдæфæй аулæфа, уый тыххæй.
Киситы Верæ дæр ис Уарзетæйы бæрны. Сылгоймагыл цæуы 82 азы. Арæх йæ туджы æлхъывдад вæййы бæрзонд. Уымæ гæсгæ йæм хъæуы кæсын æмæ афойнадыл хостæ раттын. Верæ куыд зæгъы, афтæмæй йæм Мæргъиты Уарзетæ алы афон дæр æрбацæуы æххуысмæ.
Уарзетæйыл цæуы 67 азы. Йæ кармæ гæсгæ хъуамæ ныууадза йæ куыст.
Уарзетæ цы адæмыл ауды, уыдонæй иуы дæр нæ фæнды, цæмæй йæ куыст ныууадза, уый. Уыцы адæмæй иу у Болæтаты Дуся. Цæры иунæгæй. Куыд зæгъы, афтæмæй йын Уарзетæ канд йе нæниздзинадмæ нæ кæсы, фæлæ ма йын æххуыс кæны хæдзары куыстытимæ дæр.
Æмæ Уарзетæ, йæ бæрны цы адæм ис, уыдонмæ хорз кæй зилы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уынынц сæ сыхæгтæ дæр.
Мæргъиты Уарзетæ архайдта конкурсты дæр. Ис æм бирæ хæрзиуджытæ. Æххуыс кæны, канд йæ бæрны цы адæм ис, уыдонæн нæ, фæлæ йæ размæ чи фæвæййы, уыдонæн дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм ис иу бæллиц.
Йæ бон тæригъæд кæнын æмæ адæймаджы рис банкъарын кæмæн у, ахæм хъуамæ уа социалон кусæг – зæгъы Уарзетæ. Хæлардзинд хъуамæ уа алы адæймаджы зæрдæйы дæр. Уарзетæйæн та йæ бæрны адæм иуылдæр сты йæ бинонты хуызæн уарзон. Уый æвдисы хъуыддагыл дæр.




