Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды уголовон-æххæстгæнæн системæйы 5 кусæджы
Æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр зондамонæг»-ы дыккаг къæпхæн арæзт æрцыд æфхæрдтæ æххæст кæныны федералон службæйы республикон управленийы. Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды уголовон-æххæстгæнæн системæйы 5 кусæджы – фыццаг къæпхæны хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыдон. Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны мидслужбæйы майор Хъантеты Ирбег. Конкурсы ис цалдæр фæлварæны – рæнхъон æркаст, тестытæ, мысан æхсын æмæ спортивон цæттæдзинад, зондамонæг æмæ йæ дæлбар чи ис, уый документацийæн бæррæггæнæн. Уæлахиздзау Цæгат Кавказы федералон зылды кад хъахъхъæндзæн æппæтуæрæсеон æмвæзады. Мадзалы нысан у, уголовон-æххæстгæнæн системæйы зондамынддзинад уæлдæр кæнын æмæ профессионалон зондамонджыты цæттæ кæнын – сæ дæлбар чи ис, уыдонæн æмбæлгæ æххуыс бакæнын кæй бон уыдзæн, ахæмты.