Федералон закъон йæ тыхы бацыд ивгъуыд азы фæззæджы
Контролон-нымайæн палатæйыл æвæрд ис ног хæстæ – бюджетон фæрæзтæ цы нысантæн дихгонд цæуынц, уыдон ма сæххæст кæнынæй тæссаг куы уа, ахæм уавæртæн бæрæггæнæн дæттын. Федералон закъон йæ тыхы бацыд ивгъуыд азы фæззæджы. Ныр бюджет æххæст кæныны бæрæггæнæнæй фæстæмæ ма, ведомствæ хъуамæ бæлвырд кæна, паддзахадон фæрæзтæй пайда кæныны хъуыддаг. Афтæ, контролон-нымайæн палатæйы советы æмбырды фæткы сæйраг фарстатæй иу уыд республикæйы нацпроекттæ æххæст кæныны мониторинг. Бюджетон-аналитикон хайады хицау Хъарданты Ульянæ куыд загъта, афтæмæй ногдзинæдтæм гæсгæ регионалон æмвæзадыл дæр лæвæрд уыдысты, нацпроекттæ æмæ паддзахадон программæтæ ивддзинæдтимæ сбæттыны амындтытæ. Фаронæй фæстæмæ республикæ архайы 10 национ проекты. Сæ æххæст кæнынæн радих кодтой 9 миллиард сомы. Афæдзмæ спайда кодтой 8 æмæ *рдæг миллиардæй. Уый у 93 процентæй фылдæр. Æмтгæй райсгæйæ, хæрдзтæ æххæст кæныны бæрзонд æмвæзад æмæ нысанон бæрæггæнæнты бæрц хынцгæйæ, фарон республикæйы нацпроекттæ æххæст кæныны хъуыддаг контролон-нымайæн палатæ банымадта ахадгæйыл.




