филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:09 воскресенье, 01 февраля 2026
07 августа 2019, 17:00
Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» кусы йе рвылбоны фæткмæ гæсгæ

Рог æмæ уæзласæн транспортæн дзы цæуæн ис дыууæрдæм дæр. Кусынц 11 фæндаджы Гуырдзыйы рдæм, стæй ма уыйбæрц Уæрæсейы рдæм.

Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» кусы йе рвылбоны фæткмæ гæсгæ.

Рог æмæ уæзласæн транспортæн дзы цæуæн ис дыууæрдæм дæр. Кусынц 11 фæндаджы Гуырдзыйы рдæм, стæй ма уыйбæрц Уæрæсейы рдæм. Афтæ зæгъынц, арæнты сæрты чи цæуы, уыцы шофыртæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, цалдæр километры дæргъы машинæты рад æрæмбырд вæййы Уæрæсейы æмæ Гуырдзыйы хсæн территорийы. Транспорт куыддæр уæрæсейаг арæныл ахизы, афтæ бахауы, ахизæн кæцæй нæй, ахæм ранмæ. Æмхуызон уавæр ис, Гырдзыйы рдыгæй куы рбахизынц, уæд дæр.

Бирæ сахатты дæргъы дыууæ арæны хсæн лæууын се ппæт шофырты зæрдæмæ нæ цæуы. Бирæтæ рацæуынц сæ ныхмæ цæуæг фæндагмæ. Уый та уавæр ноджы тынгдæр бакъуылымпы кæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania