Сфæлдысатдон мадзалы сæйраг нысан у Уæрæсейы Хуссар хайы культурæ баиу кæнын æмæ национ традицитæ хъахъхъæнын
Вокалон-инструменталон ансамбль «Уацамонгæ», Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы дæнцæгæн хæссинæг адæмон инструментты ансамбль, æмæ Мæскуыйы къорд «Новый день»-ы иумæйаг концерт арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы, аивæдты 24-æм Æппæтадæмон фестиваль «Мир Кавказу» æххæст кæнгæйæ. Сфæлдысатдон мадзалы сæйраг нысан у Уæрæсейы Хуссар хайы культурæ баиу кæнын æмæ национ традицитæ хъахъхъæнын. Фестиваль цæуы, Уæрæсейы культурæйы министрады, Росконцерты æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады æххуысæй. Нæ республикæйы цыди дыууæ боны. Йæ архайджытæн арæзт æрцыдысты алыхуызон дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Стæй ма байгом адæмон æрмдæсныйады равдыст. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры та арæзт æрцыд гала-концерт. Ацы аз фестиваль «Мир Кавказу»-йы аивадон разамонæг сси Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ оркестры разамонæг Куымæриттаты Тенгиз.




