филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:10 воскресенье, 19 мая 2024
31 марта 2022, 11:05
Концерты архайдтой Паддзахадон академион ансамбльтæ «Донбасс» æмæ «Алан»

Донецкы адæмон республикæйы коллективты гастрольтæ райдыдтой 15-æм мартъийы

Хæлардзинады кафт равдыстой ирон театры сценæйы. Концерты архайдтой Паддзахадон академион ансамбльтæ  «Донбасс» æмæ «Алан». Донецкы адæмон республикæйы коллективты гастрольтæ райдыдтой 15-æм мартъийы. Концерттæ дæттынц Уæрæсейы 54 горæты. Концертæй цы фæрæзтæ райсой, уыдон арвитдзысты æххуысхъуаг республикæтæм. Хъæуы ма зæгъын уый, æмæ ансамбль «Донбасс» Ирыстоны фыццаг хатт нæй. Рæхджы концерт дæтдзысты Беслæны культурæйы хæдзары. Артисттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй хæлар адæмы æххуыс у ахсджиаг ацы зын рæстæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania