филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:59 среда, 17 декабря 2025
23 августа 2024, 11:05
Къора-Урсдоны æмæ Сындзыхъæуы цæрджыты риссагдæр фарста у – нуазыны донæй æнæхъæн сæрд дæр цух кæй æййафынц, уый

Тыллæг сæфы хи цæхæрадæтты дæр, стæй быдырты дæр. Ныртæккæ цæттæ кæнынц, зæххы бынты цæуæг дыууæ резервуары. Уыдон хъуамæ уавæр фенцондæр кæной. Куыддæр уарынтæ райдайой, афтæ хъæутæм дон кæцæй кæлы, уыцы донгуырæнтæ дæр дзаг кæндзысты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Дыгуры районы Къора-Урсдоны цæрджытæ æнæ донæй цæрынц мæйы бæрц. Донимæ лыггæнинаг фарстатæ бæлвырд фæткмæ гæсгæ цыма сæвзæрынц сæрды. Ацы фæлварæн бавзарын бахъæуы се ппæты дæр – стырæй-чысылæй. Ахæм уавæрæй æрмæст адæм нæ тыхсынц, хъыгдард æййафынц цæхæрадæттæ дæр. Ласгæ дон æдзух вæййы. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æххуыс у, фæлæ тæвд бонты ахæм мадзал фаг нæу.

Æнæ уымæй зын уавæр ма уæззаудæр кæны иуæй-иу цæрджыты аххосæй. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй доны æфсæрст хъæуы дæллаг хайы ис, фæлæ уæллаг хайы хæдзæрттæм нæ хæццæ кæны. Сыхæгтæ сæхгæнынц уынгты донуарæн æхгæнæнтæ. Уый у, дон цæуыннæ ис, уыцы аххосæгтæй иу. Уый тыххæй дзурынц администрацийы дæр.

Ацы хъуыдыимæ разы сты республикæйы дондзæуæн организацийы минæвæрттæ дæр.

2 хъæуы дон кæй нæй, уый æмбарын кæнынц, дон цы 5 гуырæнæй исынц, уыдонæй æрмæст 2 кæй кусы, уымæй. Ныртæккæ цъасстæй иу сыгъдæг кæнынц. Куыддæр донцъирæн сывæрынæн цæлхдуртæ нал уа, афтæ скусдзæн. Æртыккаг аххосаг та у – тынг тæвд бонтæ.

Хæдзæртты дон нæй, фæлæ йæ пырх кæнынæн фидын хъæуы тарифмæ гæсгæ. Цавæр фиддоныл цæуы ныхас, цæрджытæм къуыригай дон куы нæ вæййы, уæд, уый адæм не *мбарынц. Профилон куыстуаты минæвар зæрдæ бавæрдта, ацы хъуыддаджы дæр рæстдзæвин уынаффæ хаст æрцæудзæн.

Доны фарста лыггонд æрцæудзæн, цъасс куы скуса æмæ фæззæг йæ бартæ куы райса, уæд. Уæдмæ та уал зæрдæ дарын хъæуы, сыхæгтæ кæрæдзимæ къæрцхъусдæр кæй уыдзысты, æмæ æмхъæуккæгтыл дæр кæй хъуыды кæндзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania