филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:07 вторник, 16 декабря 2025
07 декабря 2021, 12:01
Коронавирусæй рынчын чи уыди, æмæ чи сдзæбæх, уыдонæн фадат ис реабилитацийы курс ацæуынæн

Уымæн æмæ арæх ахæм пациенттæ фæхъаст кæнынц сæ уавæрæй, ома сæхи лæмæгъ æнкъарынц, бирæ хъуыддæгтæ нал фæхъуыды кæнынц

Коронавирусæй рынчын чи уыди, æмæ чи сдзæбæх, уыдонæн фадат ис реабилитацийы курс ацæуынæн. Уымæн æмæ арæх ахæм пациенттæ фæхъаст кæнынц сæ уавæрæй, ома сæхи лæмæгъ æнкъарынц, бирæ хъуыддæгтæ нал фæхъуыды кæнынц. Цæмæй сæ раздæры цардыуагмæ раздæхой, уый тыххæй та ахсджиаг у æмбæлгæ реабилитаци скæнын. Уымæ йе ргом аздæхта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æмæ ацы мæйы райдианæй Цæгат Ирыстоны медицинон дзæбæхгæнæндæттæ аразынц сæрмагонд курсытæ. Куыд ахадгæ сты, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Туаты Русланмæ ныртæккæ ис, постковидный синдром кæй хонынц, уый. Коронавирусæй фæци уæззау рынчын, æмæ сдзæбæх ис мæйы размæ. Фæлæ уæддæр раздæрау æййафы зындзинæдтæ. Бæлвырддæр та йын уæлдæф нæ фаг кæны. Уымæй дарддæр æй хъыгдары йæ зæрдæ дæр, æвзæр бафынæй вæййы, стæй тагъд бафæллайы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын санаторийы реабилитаци ацæуыны фадат кæй фæци, уый йын радта æнæниз цардмæ фæндаг.

Дзæбæхгæнæн физкультурæ, стæй хъармæй æмæ чъизийæ процедурæтæ, туаггуырæй коктейльтæ пациенттæн хæссынц удæнцойдзинад. Æнæниз цардæн цытæ хъæуы, уыдон исынц уæлдайджынтæй. Процедурæты комплекс дохтыр алы пациентæн дæр снысан кæны йæхæдæг. Бирæтæн ма рафыссынц медицинон препараттæ.

Фыццæгæм декабрæй фæстæмæ санаторитæ æмæ центртæ райдыдтой, коронавирусæй чи сдзæбæх, ахæм пациентты исын. Уыцы куыст цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ. Медиктæ зæгъынц, комплексон мадзæлттæ, фыццаджыдæр, арæзт у адæймаджы фæфидардæр кæнынмæ, ома йæ бон раздæрау кусын куыд уа, уымæ. Уымæн æмæ бирæтæн ацы низы фæстæ сæ раздæры цардыуагмæ раздæхын тынг зын вæййы.

Бæлвырд æмгъуыд нæй, постковид кæд фæзындзæн, уымæн. Иуæй-иутæм уыцы миниуджытæ фæзынынц, рынчындонæй сæ куы рафыссынц, уымæй цалдæр боны фæстæ. Иннæтæм та суанг 3 мæйы фæстæ, зæгъынц дохтыртæ. Цæмæй реабилитаци ацæуай, уый тыххæй хъæуы поликлиникæйы терапевтæй гæххæт райсын. Пациентæн йæ бон равзарын у æртæ медицинон уагдонæй: санаторитæ «Осетия», «Сосновая роща» æмæ геронтологон центр. Фæлладуадзыны æмæ хиуыл схæцыны рæстæгыл ацæуы 12 боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania