22 апреля 2020, 15:42
Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны абон онг схæццæ 242 адæймаджы онг
Уый тыххæй абон райсомæй фехъусын кодтой Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæйæ
Коронавирусæй рынчынты нымæц Цæгат Ирыстоны абон онг схæццæ 242 адæймаджы онг. Уый тыххæй абон райсомæй фехъусын кодтой Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæйæ. Фæстаг суткæмæ ма инфекци рабæрæг кодтой ноджыдæр 31 адæймагмæ. Æдæппæтæй дохтырты цæстдарды сты Цæгат Ирыстоны 1132 адæймаджы. 2100 -йæ та ист æрцыдысты хыгъдæй.
темæмæ гæсгæ




