филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 воскресенье, 29 сентября 2024
30 марта 2020, 12:47
Коронавирусы низ парахат кæныны ныхмæ нæ республикæйы арæзт цæуынц сæрмагонд мадзæлттæ

Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ медицинон кусæнуæттæ æмæ хойраджы базартæй фæстæмæ æхгæд æрцыдысты æппæт куыстуæттæ, фæстæдæры æмгъуыдмæ ахастой ирхæфсæн æмæ культурон мадзæлттæ.

Коронавирусы низ парахат кæныны ныхмæ нæ республикæйы арæзт цæуынц  сæрмагонд мадзæлттæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы уынаффæмæ гæсгæ медицинон кусæнуæттæ æмæ хойраджы базартæй фæстæмæ æхгæд æрцыдысты æппæт куыстуæттæ, фæстæдæры æмгъуыдмæ ахастой ирхæфсæн æмæ культурон  мадзæлттæ. Хицауады уæнгтæ сидынц бирæуæладзыгон кæртыты хæдзæрттæ сæхгæнынмæ дæр. Цыбыр ныхасæй адæмы æххæст кæнын хъæуы æдасдзинады æппæт мадзæлттæ.

Ныр зындгонд хæрæндонмæ цалдæрæй нæ бацæудзысты, æрмæстдæр иугай. Афтæ у æдасдæр, зæгъы кафейы кусæг. Ног уагæвæрдмæ гæсгæ ам не рбадздзынæ, хæринаг хæссынц хæдзармæ. Залтæ сты æхгæд.

Продукци райсыны размæ, хъæуы сæрмагонд фæрæзæй къухтæ ныссæрфын. Кафейы куысджытæ сæхæдæг дзы арæх спайда кæнынц, æнæмæнг сæ хъæуы æрмкъухтæ æмæ маскæтæ дарын. Уыимæ куысджыты нымæц фæкъаддæр. Тæссагдæр кæмæн у, уыдоны арвыстой сæхимæ, сæ мызд сы бахъахъхъæдтой, афтæмæй.

Нæ республикæйы зындгонд хæринаггæнæг æмæ  ресторатор Æбиты Валерий та карз уавæр æмбаргæйæ рагагъоммæ  сæхгæдта ресторан. Къуырийы размæ. Уыимæ цæмæй рæстæг дзæгъæлы ма сæфа – райдыдта хæдзары цалцæгæггæнæн куыстытæ. Кæд æмæ сæ нысан кодта сæрдмæ.  

Нæ республикæйы абоны бонмæ низ нæ апарахат, æмæ цæмæй уавæр дарддæр дæр афтæ уа, уымæ гæсгæ ивд æрцыдысты концертон æмæ æндæр культурон мадзæлттæ. Афтæ нæ республикæйы адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ фæстæдæры æмгъуыдмæ ахаста, апрелы йын цы 2 концерты уыдаид, уыдон. Уыимæ йæ курдиатæн аргъгæнджытæй ракуырдта хатыр. Ныртæккæ сæйрагдæр у адæмы æнæниздзинад, зæгъы Аллæ.

Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæ нæ хауы афтекты, хойраджы дуканитæ æмæ базаргæнæдæттæм. Уымæ гæсгæ ацы рæтты æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнын хъæуы дывæрæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania