филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:30 воскресенье, 29 сентября 2024
27 декабря 2012, 09:28
Къороты Камиллæйы хъæуы дохтырты æвæстиат æххуыс

Дыууæаздзыд чызгмæ дохтыртæ рахатыдтой онкологон низ. Уæрæсейаг дохтыртæ йæм сæ ныфс нæ хæссынц. Немыцаг дохтыртæ цæттæ сты чызгæн баххуыс кæнынмæ. Фæлæ операцийæн хъæуы бирæ æхца.

Дыууæаздзыд чызгмæ дохтыртæ рахатыдтой
онкологон низ. Уæрæсейаг дохтыртæ йæм сæ

ныфс нæ хæссынц. Немыцаг дохтыртæ цæттæ сты чызгæн баххуыс кæнынмæ. Фæлæ
операцийæн хъæуы бирæ æхца. Къоратæн æххуыс кæнынц зæрдæхæлар адæм.
Знон дæр та бинонтæм уыдысты уазджытæ.

Къораты Камиллæйыл дыууæ азы æмæ *рдæг
йеддæмæ нæма цæуы. Æппынæдзух вæййы хъæлдзæг. Йæ райгуырдмæ йæ
ныййарджытæ тынг æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ ныр сывæллонæн йе нæниздзинад
фæцудыдта.

Сывæллон рынчын кæй у, уый дыууæ мæйы
размæ рабæрæг. Камиллæйæн йæ тæвд схызти, æмæ дыууæ къуырийы бæрц не
*рхауди. Ныййарджытæ сæ сывæллоны æвæстиатæй аластой Ростовы
рынчындонмæ. Уым ын дохтыртæ сæвæрдтой диагноз – вирусный мононуклеоз.
Райдыдтой йæ дзæбæх кæнын, фæлæ йæ уавæр нæ фæхуыздæр.

Камиллæйæн скодтой пункци. Куыд рабæрæг,
афтæмæй йæ хуылфыдзаумæтты разынди рак. Уæрæсейаг дохтыртæ йæ алыг
кæнынмæ сæ ныфс нæ бахастой, æмæ йæ дзæбæх кæнын райдыдтой
химиотерапийæ. Немыцаг дохтыртæ разы сты операци скæныныл, фæлæ йын
хъæуы бирæ æхца. Бинонтæм та уыйбæрц фæрæзтæ нæй.

Къораты бинонтæм цæуынц зæрдæхæлар адæм.
Кæнынц се ххуысы хай. Знон та гыццыл чызгмæ уазæгуаты æрбацыд Цæгат
Ирыстоны адæмон артист Дудиаты Владимир. Камиллæйы ныййарджытæн
телеуынынады зындгонд диктор бахаста, йæ юбилейон чиныг уæй кæнынæй цы
æхца æрæмбырд, уыдон.

Гыццыл чызгæн баххуыс кæнын у алкæйы бон
дæр. Уый тыххæй хъæуы Русфонды банчы хыгъдмæ æхца бахæссын. Уымæй
уæлдай фæрæзтæ æмбырд кæнынæн сæрмагонд къопп сæвæрдтой рекламон агентад
«Зебрæ» -йы дæр. Къораты Камиллæйæн ма баххуыс кæнæн ис СМС
хъусынгæнинаг арвитгæйæ дзырд ДОБРО-имæ цыбыр номыр 5541-мæ. Иу
СМС-хъусынгæнинаджы аргъ у 75 сомы. Уыимæ йæ ис арвитæн цалдæр хатты.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania