филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:43 суббота, 18 мая 2024
02 августа 2023, 12:12
Коррекцион хæдзар «Ласка»-йы арæзт лагерьмæ Запорожьейы облæстæй æрбаластой, æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм 8 сывæллоны

Се *хсæн ис, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр

Сидзæр сывæллæтты коррекцион хæдзар «Ласка»-йы арæзт лагерьмæ Запорожьейы облæстæй æрбаластой, æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм 8 сывæллоны. Се *хсæн ис, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой культурон-ирхæфсæн программæ. Сарæзтой сын экскурситæ, ахуыр сæ кæнынц ирон кæфтытæ дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Запорожьейы облæстæй сывæллæттæ ахуыр кæнынц ирон Симд. Нырма фыццаг къахдзæфтæ кæнынц, фæлæ сæ зæрдæмæ цæуы. Лагерь «Седьмой лепесток»-ы куыст йæ тæмæны ис.

Сидзæр сывæллæтты коррекцион хæдзар «Ласка»-йы бырдурыл лагерьмæ Запорожьейы облæстæй æрбаластой æнæ ныййарджыты æххуысæй чи хъомыл кæны, ахæм 8 сывæллоны. Се *хсæн ис, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр.

Сывæллæтты царды ахсджиаг хай – психологимæ куыст. Сæвзæрд уавæрты се *ппæтæн дæр æнцон нæу, Запорожьейы облæстæй сывæллæттæн та ноджы зындæр у. Сæ зæрдæрыст фæрогдæр кæнын сын æххуыс кæнынц дæсны специалисттæ.

Надя активонæй архайы ахуырты программæйы. Кæд йе нæниздзинад хъыгдард у, уæддæр йæхиуыл кусы. Хистæрты аудындзинад ын æхсызгон у, æмæ йæ фæнды йæ арæхстдзинадæй сын сæ зæрдæтæ барухс кæнын.

Реабилитаци хъæуы, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сывæллæтты се ппæты дæр. Массаж кæнынмæ зæрдæргъæвдæй цæуынц, уæлдайдæр та хъæугæ ифтонггæрзты фæрцы процедурæтæ æнцонвадатдæр кæй сты, уымæ гæсгæ.

Сывæллæттæ сæхиуыл абарстой национ костюмтæ. Æмæ кæд Симд нырма ныр райдыдтой ахуыр кæнынц, уæд сæ ирон уæлæдарæс разæнгард кæны ацы хъуыддаг æнтыстджындæрæй æххæст кæнынмæ.

Сывæллæттæ лагеры базыдтой ног дзырдтæ уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Бантыст сын сахуыр кæнын лагеры гимн дæр. Хуымæтæг дзырдты – рухс фидæн кæй уыдзæн, уый ныфс.

17 боны фæстæ сывæллæттæ араст уыдзысты сæ Райгуырæн зæхмæ. Фæлæ Дзæуджыхъæу сæ царды ахсджиаг бынатæй кæй баззайдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania