06 декабря 2013, 14:11
Коррупцийы ныхмæ тох кæныны мадзæлттыл ныхас кодтой барадон æмæ цæстдарæг оргæнты кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ
Фембæлд арæзт æрцыд Юстицийы министрады цæгатирыстойнаг управленийы, республикæйы æхсæнадон палатæйы æмæ Дзæуджыхъæуы разамынды институты хъæппæрисæй. Бацæттæ йæ

Фембæлд арæзт æрцыд Юстицийы министрады цæгатирыстойнаг управленийы, республикæйы æхсæнадон палатæйы æмæ Дзæуджыхъæуы разамынды институты хъæппæрисæй. Бацæттæ йæ кодтой коррупцийы ныхмæ тох кæныны боны агъоммæ. Вæййы 9-æм декабры. Республикæйы прокуратурæйы хайады хицау Хъайтыхъты Аслан радзырдта, йæ ведомство ацы хъуыддаджы цавæр куыст кæны, уый тыххæй. Ацы аз рабæрæг кодтой 1 мин 500 закъонхæлды. Сæ фылдæр баст сты барадон æмæ цæстдарæг оргæнты, цæрæн-коммуналон хæдзарады къабазимæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ. Æмтгæй райсгæйæ, коррупцийы къабазы цы закъохæлдтæ рабæрæг ацы аз, уыдон фаронимæ абаргæйæ сты 36% къаддæр. Æмбырды архайджытæ фæнысан кодтой, ацы фæзындимæ тох цæмæй ахадгæдæр уа, уый тыххæй ведомствæтæ æмæ æхсæнад хъуамæ æнгомдæр æмгуыстад кæй кæной, уый.
Æлборты Иван, РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы уæнг: «Уый кæддæриддæр уыдис. Фæлæ абон куыд тыхджын у, афтæ никуы уыд. Уый хъыгдары, нæ цард нывыл аразын. Æз уый зæгъдзнæн, æмæ æмтгæй куы нæ сыстæм уыцы æвзæр хъуыддаджы ныхмæ, уæд уый дарддæр хæццæ кæндзæн. Мах æхсæнадон палатæйы архайæм, цæмæй нæм чи æрбацæуы курдиатимæ, уымæ лæмбынæг æркæсæм æмæ æххæст кæнæм йæ уавæртæ. Стæй ма уый зæгъын, цас уынаффæ æнцондæр æххæст кæнын уа, уый бæрц коррупцийæн уæвæн нæ уыдзæн».

темæмæ гæсгæ