филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:29 пятница, 06 июня 2025
14 мая 2025, 10:47
Космоноватикæйы скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бацархайдтой 10-æм юбилейон æппæтадæмон ахуырадон онлайн-проекты

Йæ темæ ацы аз у «Стыр денджыз. Космос»

Къомайты Русланы номыл космоноватикæйы скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бацархайдтой 10-æм юбилейон æппæтадæмон ахуырадон онлайн-проекты. Йæ темæ ацы аз у «Стыр денджыз. Космос». Баиу сты дыууæ æнæзонгæ æмæ æгæрон дунейы – стыр денджызы арф æмæ космосы тыгъдад. Мадзалы архайынц 32 фæсарæйнаг бæстæйы æмæ Уæрæсейы 89 регионы. Хъайтмазты Дзерассæ радзурдзæн бæстондæр.

Стыр денджыз æмæ космос. Дыууæ сусæггонд æмæ æгæрон дунейы. Сæ цард банкъарыны фадат фæцис скъоладзаутæн. Ацы урокмæ тынг æнхъæлмæ кастысты. Фыццаджыдæр, цæмæй аныхас кæной иннæтæй фылдæр чи федта, уыдонимæ – Евгений Ковалевскиимæ æмæ Константин Борисовимæ.

Æнæ дзуаппæй иу фарст дæр нæ баззад. Уыдон та чысыл нæ уыдысты. Видеобастдзинады фæрцы баиу сты 32 фæсарæйнаг бæстæйы æмæ Уæрæсейы 89 регионы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстонæй дзы архайдтой скъоладзаутæ æмæ студенттæ.

Ацы аз æппæтадæмон ахуырадон онлайн-проект «Стыр денджызæй уроктæ» арæзт æрцыд 10-æм хатт. Архайджытæн у кæрæдзийы зонындзинæдтæ, хъуыдытæ æмæ фæлтæрддзинад базоныны гом ахуырадон тыгъдад.

Æвæццæгæн, ацы лæппутæй æмæ чызджытæй алчи йæ цард стыр денджыз кæнæ космосимæ не сбæтдзæн, фæлæ ацы цау сæ зæрдæты кæй баззайдзæн, уый æнæмæнг у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania