филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:33 среда, 17 декабря 2025
05 июня 2025, 10:36
Костромайы Уæрæсейы ерысты республикæйы æрыгон минæвæрттæ Дамир Хасаншин æмæ Хъуылцыты Виктория равдыстой хорз цæттæдзинад

Дамир бацахста дыккаг бынат, Виктория та – цыппæрæм

Хуыздæр хатдзæг Ирыстоны шахмæтты историйы. Костромайы Уæрæсейы ерысты республикæйы æрыгон минæвæрттæ Дамир Хасаншин æмæ Хъуылцыты Виктория равдыстой хорз цæттæдзинад. Дамир бацахста дыккаг бынат, Виктория та – цыппæрæм. Дамиры баллтæ 8 аздзыд лæппуйæн фадат радтой Уæрæсейы чемпион суæвынæн йæ кары шахматистты *хсæн. Ныр уый бæстæйы кад хъахъхъæндзæн дунеон чемпионаты Алматыйы. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Тысхтдзинадыл уæлахиз кæнын, зонындзинæдтæ зæрдыл дарын, 1-аг бынатмæ тырнын. Дамир Хасаншинæн ацы нысантæ уыдысты сæйраг чемпионаты архайгæйæ, æмæ йын фесты хорз æххуыс. Æрыгон шахматист иу къахдзæфæй иннæмæ æнтыстджынæй цыд размæ, æппæты тыхджындæр ныхмæлæуджыты фæстейы уадзгæйæ, æмæ æрлæууыд пъедесталы дыккаг къæпхæныл.

Уæрæсейы ерыстæ шахмæттæй, 9 азы онг кæуыл цæуы, ахæм лæппуты æмæ чызджыты *хсæн, баиу кодтой спортсменты бæстæйы алы рæттæй. Зондджынтæ, тыхстдзинадыл уæлахиз кæнын чи арæхсы, хъуыды кæныныл хæст чи у, хуыздæртæй хуыздæртæ. Цæмæй ахæм ныхмæлæуджыты рамбула, уый тыххæй Дамир  йæхи лæмбынæг цæттæ кодта тренировкæты рæстæг.

Ацы спорты хуызмæ уарзондзинад Дамир æнæнхъæлæджы банкъардта. Шахмæттæй хъазын райдыдта йæ фыдмæ гæсгæ –   йæ ныййарæджы хуызæн æй бафæндыд уæлахиздзау суæвын.

Шахмæттæм цымыдисдзинад Хъуылцыты Викторияйы зæрдæйы æнæнхъæлæджы сæвзæрд.  Раздæр иуварсæй кастис, йе *фсымæр куыд хъазы уымæ,  фæстæдæр та йæхæдæг сфæнд кодта шахмæттимæ хæстæгдæр базонгæ уæвын.  Ныр 2 азы дæргъы йæ уæгъд рæстæг æрвиты ацы интеллектуалон хъазтæй тренировкæтæ кæнгæйæ.

7 аздзыд чызг фархайы, бæрзонд уæлвæзадыл арæзт чи вæййы, ахæм ерысты, æмæ равдисы хорз цæттæдзинад. Уæрæсейы чемпионаты бацахста 4-æм бынат. Йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты йæхицæй хистæр æмæ фæлтæрдджындæр шахматисткæтæ.

Æрыгон шахматисттæ ныридæгæн дæр æнæхъæн бæстæйы æнтыстджынæй æвдисынц сæ зонындзинæдтæ æмæ курдиат. Уый ныр ма уал у се стыр фæндаджы райдиан.  Фидæнмæ нысан кæнынц алыхуызон ерысты архайын. Тырнынц æрмæстдæр уæлахизтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania