филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:33 воскресенье, 19 мая 2024
14 июня 2023, 11:47
Котолиты Азæмæт – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг

Фыццаг бонты æнæдызæрдыгæй сфæнд кодта, фронтмæ кæй ацæудзæн, уый

Нæ программæйы дарддæр æрмæджы та уæ базонгæ кæндзыстæм не мзæххон хъæбатыр, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Котолиты Азæмæтимæ. Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын нымайы йæ хæсыл. Æмæ хуымæтæджы нæ. Райгуырæн зæххыл иузæрдион уæвын, æмæ йæ цыфæнды аргъæй дæр бахъахъхъæныны дæнцæг райста йæ бабайæ. Азæмæт фыццаг бонты æнæдызæрдыгæй сфæнд кодта, фронтмæ кæй ацæудзæн, уый. Уæззау цæфы фæстæ, ныртæккæ дзæбæх кæны йе нæниздзинад. Фæлæ, уæддæр йæ мидхъуыдытæ сты йе мхæстонтимæ. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Æмбаргæ æмæ хиуылхæцт бакаст. Зæрдæхæлар, фæлæ, уыцы иу рæстæг фидар удыхъæды хицау. Котолиты Азæмæт йæ царды бирæ цыдæртæ федта. Иуæй – иу цаутæ йæ фæндид йæ мидхъуыдытæй ахахх кæнын, кæнæ та сæ уæвгæ дæр фехалын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайын Азæмæты бафæндыд йæхи. Æмæ йæ йæ хиуæттæ къуылымпы дæр нæ кодтой. Зыдтой йæ, кæд сфæнд кодта, уæд йæ хъуыды нал аивдзæн.

Азæмæт хæстон цауты æппæты карздæр бынæтты уыди, республикон батальонтæ «Алания» æмæ «Шторм» куы фæзындысты, уæдæй фæстæмæ. Ноябры фæци уæззау цæф. Ныртæккæ дзæбæх кæны йе нæниздзинад, фæлæ уæддæр, йæ хъуыдытæ сты фронты, цыбыр рæстæгмæ йын æфсымæрты хуызæн чи систы, уыцы мхæстонтимæ.

Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын нымайы йæ хæсыл. Йæхицæн фидарæй загъта, цыфæнды аргъæй дæр йæ хæс кæй сæххæст кæндзæн, уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ æнæдызæрдыгæй цæмæн ацыди, зæгъгæ, уыцы фарстæн та радта ахæм дзуапп – уæд хъуыды кодтон мæ сывæллæтты фидæныл, æмæ æрмæст уыдоны фидæныл нæ.

Æфсæддон кæдфæндыдæр дæнцæг иста йæ дадайæ. Уый уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Ныр та Азæмæт рад æрхæццæ уæлахиз хæстæгдæр кæныны хъуыддаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania