Цыфæнды афондæр йæ бон у ахуыссын
Æнæ дон æмæ æнæ рухсæй баззайын Красногоры цæрджытæн ног хабар нæу. Хъæуы цæрджытæ бирæ азты хъаст кæнынц электрон тых сæм рæстмæ кæй нæ кусы, уымæй. Цыфæнды афондæр йæ бон у ахуыссын. Зæгъын хъæуы уый æмæ къуылымпыдзинæдтæ алы хатт боны хъæдимæ баст нæ вæййынц. Техникæ куыд æмбæлы, афтæ нæ кусы. Красногоры цæрджытæ æххуыс бацагуырдтой аæдæмон Фронты регионалон æххæсткомæй. Ныр адæмы уавæр сраст кæныныл архайынц активисттæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Красногоры цæрджытæн сæ бонтæ бынтон зæрдæмæдзæугæйæ нæ райдайынц. Сæйраг фарста- электрон тых, бæлвырддæр та – хæдзæрттæм арæх электрон тых кæй нæ хæццæ кæны, уый. Цæллагты Хъазыбæг ацы хъæуы цæры æнусы *рдæгæй фылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уавæр хуымæтæг нæу. Электрон тых куы нæ вæййы, уæд дон дæр нал фæкæлы. Цæрджытæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ ахæм уавæрты цæрынц 20 азы дæргъы. Электрон тыхы тынгад иу æмвæзадыл кæй нæ фæлæууы, уый тыххæй бирæтæн нал фæкусынц сæ хæдзары техникон фæрæзтæ.
Æмбалты Анжелæйæн та йæ дуканийы æфтиæгтæ къаддæр кæнынц. Салд хæринæгтæ æмæ полуфабрикаттæ фесæфынц. Йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ фарон акалдта 73 мин сомы аргъ салд хæринæгтæ.
Адæм сæ курдиат балæвæрдтой Адæмон фронтмæ. Уый кусджытыл дарынц сæ зæрдæтæ фарста алыг кæнынæн.
Районы электрон хызты кусæнуаты специалисттæ архайынц уавæр фæхуыздæр кæныныл. Ацы фарста уыдон бирæазон нæ хонынц. Куыд æмбарын кæнынц, уымæ гæсгæ электрон тыхы тынгадыл фæбæрæг вæййынц æрдзы фæзындтытæ, стæй фæткмæ гæсгæ хуыссындгонд кæй æрцæуы, уый дæр. Ахæм уавæры фæхъæуы диспетчермæ бадзурын, æмæ уæд хъæумæ арвыстгонд æрцæудзæн энергетикты бригад.
Цас рæстæг ма уыдзæн фæткмæ гæсгæ электрон тых хуыссынгонд, уый куыстуаты нæ фæбæлвырд кодтой. Адæм æнхъæлмæ кæсынц фарста алыг кæныныл, æууæндынц, сæ хæдзары тæхникон фæрæзтæ нывыл кæй кусдзысты, ууыл.




