21 апреля 2014, 17:03
Куадзæны бæрæгбоны хъæууон хæдзарадон университеты ветеринарон факультеты студенттæ æмæ фæсивæдон комитет, сбæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты санаторон хæдзары
Æрбаластой сын уæрццыты 200 айчы. Райстой сæ университеты инновацион куыстуаты. Куадзæны бæрæгбоны сæ сахуырстой ирд ахорæнтæй, сывæллæттæ та сыл скодтой нывтæ. Студенттæ сын радзырдтой, уæрццыты айчытæ цы пайда хæссынц адæймагæн, уый тыххæй, стæй сæ ног куыстуаты архайды тыххæй дæр.

Наукон фæлтæрддзинад – сывæллæтты цинæн. Куадзæны бæрæгбоны хъæууон хæдзарадон университеты ветеринарон факультеты студенттæ æмæ фæсивæдон комитет, сбæрæг кодтой сидзæр сывæллæтты санаторон хæдзары. Æрбаластой сын уæрццыты 200 айчы. Райстой сæ университеты инновацион куыстуаты. Куадзæны бæрæгбоны сæ сахуырстой ирд ахорæнтæй, сывæллæттæ та сыл скодтой нывтæ. Студенттæ сын радзырдтой, уæрццыты айчытæ цы пайда хæссынц адæймагæн, уый тыххæй, стæй сæ ног куыстуаты архайды тыххæй дæр. Ам уарццытæ хъомыл кæнынц экологон сыгъдæг хойрагæй. Сæ фæлтæрддзинад æрыгон ахуыргæнддтæ равдисдзысты фæсивæды æнтыстдзинæдты равдысты. Ныр та уал сæ æрхъуыдыйæ разыйæ базадысты сидзæр сывæллæтты санаторон хæдзары хъомылгæнинæгтæ.
Мулукаты Георгий, ветеринарон факультеты студент: «Никуы фæфæсмон кæндзынæн, абон ардæм кæй æрбацыдтæн, мæ рæстæг кæй арвыстон ам. Мæ зæрæдæмæ тынг фæцыдысты ацы сывæллæттæ, сæхи куыд дарынц уый дæр. Мах абон æрбахастам айчытæ, æлхæнгæ сæ нæ бакодтам, уæрццытæ дарæм æмæ уыдон дарынц айчытæ. Айчытæ сты сыгъдæг. Æмæ сæ æрбахастам сывæллæттæн».

темæмæ гæсгæ