Цæудзæн 20-æм июлы онг
Курорт «Мамысон»-ы райдыдта ног къахвæндæгтæ аразыны фестиваль. Цæудзæн 20-æм июлы онг. Архайдзысты дзы 450 уазæджы Хуссар федералон зылдæй. Студенттæ раздæр архайдзысты ног маршруттæ бæрæг кæныныл. Æдæппæтæй саразынвæнд кæнынц 12 километры къахвæндаджы. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.
Бæлвырд хæслæвæрдтæ райсгæйæ, къорды иудзинад банкъаргæйæ, студенттæ араст сты хохаг фæндагыл. Бирæтæ сæ ахæм бæрзæндмæ фыццаг хатт схызтысты. Се *хсæн – ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты Хуыбаты Георгий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ рагæй йæ фæндыд ахæм проекты архайын. Фестивалы фæрцы йæ бæллиц сæххæст. Кæд æм фæлтæрддзинад нæй, уæддæр Георгий æнцонæй схызт хохы бæрзæндмæ.
Фестивалы архайынц 400 адæймагæй фылдæр Хуссар федералон зылдæй. Уыдонæн йæ байгом кæныны кадджын мадзалы арфæтæ ракодта Кавказ.РФ-ы маркетингы департаменты директор Валерий Желателев. Куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм активон фæсивæд хæссынц стыр æвæрæн туристон инфраструктурæйы рæзтмæ.
Фестивалы архайджытæ 5 боны дæргъы сбæрæг кæндзысты ног экологон къахфæндæгты 12 километры, кæцытæ суыдзысты стыр маршрутон хызы райдиан. Конкурсанттæ сараздзысты æрдзон æрмæгæй конд чысыл архитектурон объекттæ. Фæстæдæр сæ сæвæрдзысты ног къахвæндæгтыл, аргъ та сын кæндзысты жюрийы уæнгтæ. Æппæты даргъдæр маршрут хуыйны Мамихдон. Йæ дæргъ у 4 километры æмæ 600 метры. Абалц кæныны фадат ыл ис хистæртæн æмæ сабитæн дæр. Къахвæндаг нымад у зындæрыл. Ис дзы æнцонæй кæуыл сцæуæн ис, ахæмтæ дæр. Мамысоны комы фестиваль цæудзæн 19 июльмæ. Йархайджытæн арæзт цæудзысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, лекцитæ æмæ экскурситæ.
Фестивалы кæронбæттæн арæзт æрцæудзæн стыр концерт. Ног экологон къахвæндæгтæ хорз ахъаз фæуыдзысты Мамысоны курорты рæзтæн.
