филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:31 суббота, 21 сентября 2024
09 июля 2019, 13:08
Кусгæ чи кæны, ахæм сылгоймæгтæн баххуыс кæныны фæнд скодтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ

Законы проект уал сфидар кодтой фыццаг бакасты

Кусгæ чи кæны, ахæм сылгоймæгтæн баххуыс кæныны фæнд скодтой Паддзахадон Думæйы депутаттæ. Законы проект уал сфидар кодтой фыццаг бакасты. Уымæ гæсгæ хъæуты цæрæг сылгоймæгтæн сæ кусгæ къуыри хъуамæ фæкъаддæр уа 36 сахаты онг. Сæ мызд та баззайдзæн, куыд уыди, афтæмæй. Ног закъоны проектмæ гæсгæ ивддзинæдтæ бахæсдзысты Уæрæсейы Федерацийы фæллойадон кодексмæ дæр. Куыд æмбæлынц ацы ногдзинадыл сылгоймæгтæ сæхæдæг та, уый тыххæй не сфæлдыстадон къорд абалц кодта Дæргъæвсмæ, æмæ Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Дæргъæвсы скъолайы директорæй Байаты Светланæ кусы ныр 23 азы. Директорæй дарддæр ма ахуырдзаутæн дæтты историйы предмет. Æмæ дзы кæд скъоладзауты нымæц бирæ нæу, уæддæр куыст фаг, суанг ма сæрды дæр. Зæгъæм, абон дæр Светланæ йе мкусджытимæ скъолайы кæны уæлæнгай цалцæггæнæн куыстытæ.

Светланæ йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ канд скъолайы нæ кусы, фæлæ ма кæны хæдзары куыстытæ дæр, зилы фосмæ. Йæ райсом райдайы хуры скастимæ. Алцæмæн дæр хæъуы фæтк, зæгъы сылгоймаг. Хъуццытæ рдуцын, хизæнуæттæм сæ арвитын æмæ ма куыстмæ дæр ма байрæджы кæнын. Уый у йе ппынкъадæры хæс. Уæвгæ та йын бирæ сты, фæлæ сæ нæ фæллайы, уымæн æмæ йæ цард æндæр хуызы нал уыны, зæгъы Светланæ. Уæлдай тынгдæр та уарзы цæхæрадоны йæ дидинджытæм зилын æмæ цыхт ахсын.

Хъæуккаг сылгоймæгтæн баххуыс кæныныл архайынц паддзахадон думæйы депутаттæ. Законы проект уал сфидар кодтой фыццаг бакасты. Ног закъонмæ гæсгæ хъуамæ хъæуты цæрæг сылгоймæгтæн сæ кусгæ къуыри хъуамæ фæкъаддæр уа 36 сахаты онг. Сæ мызд та баззайдзæн, куыд уыди, афтæмæй.

Ног закъоны проектмæ гæсгæ ивддзинæдтæ бахæсдзысты Уæрæсейы Федерацийы фæллойадон кодексмæ дæр. Уый та, хъæуты кусæг сылгоймæгтæн фадат ратдзæн уæлæмхасæн гарантитæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania