Уый тыххæй ныхас цыд хицауады æмбырды
Кусгæ чи нæ кæны, уыцы адæмæн финансон æххуыс бакæнынæн ацы аз республикæйы фæрæзты бæрц сырæзт 25%. Уый тыххæй ныхас цыд хицауады æмбырды. Уый фадат ратдзæн рæстæгмæ куысты бынæттæ 1600 адæймагæн ссарынæн. Ныхас цыд адæмæн транспортон лæггæдтæ кæныныл дæр. Хицауады уæнгтæ рахæцыдысты, муниципалон бынæтты хсæн дыууын иу маршрут нысангонд тарифмæ раивыны ныхмæ. Уый баст у, программæ æххæст кæнынæн фæрæзты бæрц кæй фæкъаддæр, уыимæ. Хицауады æмбырды ма сфидар кодтой, республикæйы ахуыргæнæндæттæ ифтонг кæныныимæ баст документты хыгъд. Цæгат Ирыстоны районтæн радих кодтой хъæддзаумайы 65 мин дзаумайы, стæй кусæнгæрзтæ 500 милуан сомы аргъæн. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй уый фадат ратдзæн скъоладзаутæн нырыккон æмæ æмбæлгæ уавæртæ саразынæн.
