Советы хыгъдмæ хаст æрцыдысты æхсæнадон æмæ паддзахадон организациты минæвæрттæ, юристтæ æмæ журналисттæ
Дæргъвæтин рæстæгмæ фыццаг хатт. Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта граждайнаг æхсæнады æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны рæзты Совет республикæйы сæргълæууæджы цур. Советы хыгъдмæ хаст æрцыдысты æхсæнадон æмæ паддзахадон организациты минæвæрттæ, юристтæ æмæ журналисттæ. Фыццаг æмбырд фылдæр баст уыди организацион фарстатимæ. Советы уæнгтæ æрныхас кодтой сæ куысты лыстæг хъуыддæгтыл æмæ снысан кодтой фидæнмæ пълан. Уымæй уæлдай, се ргом аздæхтой практикон хаймæ. Ныхас цыди коммуналон лæггæдты хæстыл, сæ бафидыны мадзæлттыл, стæй ацы къабазы адæймаджы бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, ууыл. Фехъусын кодтой коммуналон фиддонтæ бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ, йæ бон бафидын кæмæн нæу, уыцы адæмæн æххуыс кæныны механизмтæ. Фембæлдмæ хуынд æрцыдысты электрон тых уарæг компаниты æмæ цæстдарæг оргæнты минæвæрттæ дæр. Се хсæн рауад ахадгæ ныхас. Куыд бауынаффæ кодтой, афтæмæй хъæуы эксперттæ дæр кæм уыдзысты, ахæм кусæг къорд саразын.