филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:45 воскресенье, 01 февраля 2026
31 мая 2023, 11:51
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Михайловскæ æмæ Ногиры хсæн хиды дыууæ хайы ныккалдысты

Бынат æвæстиатæй бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Михайловскæ æмæ Ногиры хсæн хиды дыууæ хайы ныккалдысты. Хъыгдард ничи баййæфта. Бынат æвæстиатæй бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг. Уавæры фæдыл Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн радта бæлвырд хæслæвæрдтæ. Республикæйы нысангонд æрцыд æххæст цæттæдзинады фæтк. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

29-æм май. 21 сахаты æмæ 45 минуты. Ногир æмæ Михайловскæ цы хид иу кæны, уый хай ныккалд. Уырдæм уайтагъд æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Бынаты сарæзта æмбырд профилон ведомствæты разамонджытимæ. Дыккаг бон республикæйы нысангонд æрцыд æххæст цæттæдзинады фæтк. Ахæм уынаффæ рахастой æнæнхъæлæджы уавæрты къамисы æмбырды. Фæтк архайдзæн, цалынмæ хид халыны куыстытæ кæронмæ нæ фæуой, уæдмæ. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, ацы хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ сæххæст кæнын, уымæн æмæ иннæ цæджындзты фидардзинад дæр зæрдæхсаинаг у.

Æрдзон ресурсты министрадæн республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, аргъ скæнын доны сыгъдæгдзинадæн, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрадæн та баивын хауæддзæгтæ хъыгдардбаййафæг коллекторæй æндæрмæ исыны схемæ. Бабар ма кодта, 2024-æм азмæ бацæттæ кæнын, республикæйы æппæт хидтæн экспертизæ скæныны курдиæттæ. Æмбырды фехъусын кодтой, хид 1972-æм азы арæзт кæй æрцыд, æмæ йæ уæдæй бындуронæй нæ цалцæг кодтой.

Ныртæккæ хæлд канализацион коллектор æндæр линимæ баиу кодтой. Газы хæтæлы куыст баурæдтой, фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ, хъæутæм газ æххæстæй хæццæ кæны. Хъармгæнæн сезоны райдианмæ профилон службæты хъæуы газы хæтæлы куыст сног кæнын.

Хид куы ныккалд, уæд хъыгдард ничи баййæфта бæлвырд æмархайды фæрцы. Ацы цау куы æрцыд, уымæй 2 сахаты раздæр æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ фехъусын кодтой, хиды 2 хайы кæй æрбадтысты. Фæндаггон змæлды инспектортæ цыд сæхгæдтой. Ныртæккæ уавæр бæлвырд кæны прокуратурæ.

Сергей Меняйло бабар кодта, бацæуæнты сæххæст кæнын æдасдзинады домæнтæ – сæвæрын паддзахадон автоинспекцийы посттæ æмæ иуварсдзæуæн фæндæгтæ чи амоны, ахæм рухстауæг нысантæ. Хъæуы ма æркæсын, цæугæдæтты донвæдтæ рагагъоммæ сыгъдæг кæныны куыстытæ сæххæст кæныны фарстамæ. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитетæн республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта, хиды цæджындзтæ цæмæ æрбадтысты, уый аххосæгтæ сбæлвырд кæнын æмæ æвæстиатæй бавналын проектон-аразæн куыстытæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania