филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:41 воскресенье, 12 мая 2024
18 сентября 2019, 17:00
Куыд ма хъуысын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæуы æрыгон политологты форум «Дигория»

Ацы мадзал хъуамæ суа традицион, уымæн æмæ политологи у бæстæйы социалон-экономикон райрæзты сæйрагдæр къабæзтæй иу.

Куыд ма хъуысын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны цæуы æрыгон политологты форум «Дигория».

Ацы мадзал хъуамæ суа традицион, уымæн æмæ политологи у бæстæйы социалон-экономикон райрæзты сæйрагдæр къабæзтæй иу. Загъта УФ-йы паддзахадон Думæйы депутат, парти «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар Алексей Журавлев. Бæрнон кусæг у форумы кадджын уазæг. Æмæ йын фембæлд уыди республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фæз стыр æххуыс фæуыдзæни Уæрæсейæн проффессионалон кадртæ бацæттæ кæнынæн. Куыд загъта, афтæмæй форум Цæгат Ирыстоны арæзт кæй цæуы, уый у бирæ хъуыддæгтыл дзурæг. Ирон адæм сæ традицитæ æмæ национ культурæ хъахъхъæнынц цæстыгагуыйау, уымæ гæсгæ форумæн ам ис фидар бындур, загъта федералон бæрнон кусæг. Ам сæйрагдæр у, цæмæй форумы архайджытæн уый фæстæдæр уа æнгом ахастдзинæдтæ, афтæмæй зæгъæн уыдзæнис, форум ахадгæ кæй рауадис, – йæ хъуыдытæ загъта Битарты Вячеслав. Республикæйы Сæргълæууæг арфæ ракодта уазджытæн кæй ссыдысты, стæй парти «Фыдыбæстæ» нæ республикæйæн цы æххуыс кæны, уый тыххæй. Алексей Журавлевы ныхæстæм гæсгæ, æхсызгон у, абон республикæйы хорзырдæм ивддзинæдтæ кæй цæуы, уый. Æмæ кæдфæндыдæр уыдзæстæм цæттæ, Ирыстоны цæрджыты социалон уавæр фæхуыздæр кæнынæн æмгуыстад кæнынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania