Ацы хатт ахæм акци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон академийы
Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй Беслæны теракты тыххæй кинонывты равдыстытæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Ацы хатт ахæм акци арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон академийы. Кинонлентæйы фыццаг кадрты рæстæг дæр зал ныссабыр. Ацы æрыгон адæм райгуырдысты, 2004-æм азы теракты фæстæ. Фæлæ Беслæны 1-æгæм скъолайæ чи нал æрыздæхт, уыдоны тыххæй хъуамæ зона алчидæр. Медицинон академийы равдыстой документалон киноныв «Беслан. Три дня навсегда». Акци саразыны хъæппæрис разынд Уæрæсейы æхсæнад «Знание»-мæ. Раздæр уал равдыстой, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Фидараты Сослан, трагедийы 15 азы бонмæ цы видеоæрмæг систа, уый. Фæстæдæр студенттæ бакастысты Беслæны æртæ æвирхъау боны тыххæй кинолентæмæ. Йæ режиссер у – Омскы гуманитарон университеты журналистикæйы æмæ Кинойы Æппæтуæрæсеон Паддзахадон институты сценарон-киноисæн факультетты рауагъдон Наталья Штонда. Автор йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй, документалон киноныв сисыны размæ æнхъæл дæр нæ уыди, афтæ зын уыдзæн, уый. Азты фæстæ Беслæны фыццæгæм скъолайы ахуырдзаутæ дзурынц сæ мысинæгтæ æмæ хъуыдытæ теракты тыххæй. Зын у, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ сæ алкæмæ дæр ис бæллицтæ, тырнындзинад æмæ æнгомдзинад. Æхсæнад «Знание» – у нæ бæстæйы егъаудæр нырыккон рухстауæн организаци. Фæсивæдæн аразы алыхуызон мадзæлттæ Уæрæсейы алы регионты. Æхсæнадо баиу кодта 30 мин адæймагæй фылдæр.




