филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:30 суббота, 31 января 2026
29 января 2026, 10:34
Къуымæллæгкаты Хасаны урочытæ æххæст сты æрмæст теорийæ нæ, фæлæ практикон зонындзинæдтæй дæр

Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран хорз зоны, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын цы нысан кæны, уый

Къуымæллæгкаты Хасаны урочытæ æххæст сты æрмæст теорийæ нæ, фæлæ практикон зонындзинæдтæй дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран хорз зоны, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын цы нысан кæны, уый. Ныртæккæ йæ зонындзинæдтæ скъоладзаутæн дæтты, Фыдыбæстæ хъахъхъæныны æмæ æдасдзинады бындурты урочыты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Къуымæллæгкаты Хасан ацы хæцæнгарзы анатоми бирæтæй хуыздæр зоны. Ныр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг йæ зонындзинæдтæ дæтты сывæллæттæн – амоны сын Фыдыбæстæ хъахъхъæныны æмæ æдасдзинады бындуртæ. Хасан куыд зæгъы, афтæмæй ацы дисциплинæ патриотон хъомылады фарстайы сæйрагдæртæй иу у. Йæхæдæг скъоладзау куы уыд, уæд ацы предмет уыд уæлдай ахсджиаг. Уæд цы зонындзинæдтæ райста, уыдонæй абон пайда кæны.

Къуымæллæгкаты Хасан бирæ азты хъахъхъæдта бæстæ контрактмæ гæсгæ, уый фæстæ дарддæр службæ кодта сæрмагонд операцийы зонæйы. Уыд сапер – рæдыд скæнын кæм нæй, ахæм дæсныйад. Цæфы фæстæ Хасан æрыздæхт сабыр цардмæ, фæлæ йæ фæлтæрддзинад раздæрау хъæугæ кæй у, уый æмбарынадимæ.

Педагог суæвыныл Хасаны сразы кодта Алханчурты скъолайы директор. Уый йæхæдæг дæр директоры бынаты нырма уæд райдыдта кусын, нысангонд цыд ног педагогон коллектив æмæ æцæг хæстон фæлтæрддзинадимæ ахуыргæнæг уæлдай ахсджиаг разынд.

Ахуырдзаутæн, фыццаджыдæр, у зондамонæг – сабыр, домаг æмæ рæстаг. Йæ урочыты ахуыр кæнынц зындзинæдтæй ма тæрсын æмæ командæйы кусын, æфсæддон фæлтæрддзинад та æххуыс кæны сывæллæттимæ рæстдзинады æвзагыл дзурын. Хасаны уырны, сæрмагондæй афтæмæй, хи дæнцæгыл, хъомыл кæны, æдасдзинадæн æмæ сабырдзинадæн аргъ чи зоны, ахæм фæлтæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania