филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:49 пятница, 10 мая 2024
04 марта 2013, 11:24
Къуырийы дæргъы Цъæйы комы цыдысты ирвæзынгæнджыты ахуыртæ

Ацы аз сæ банымайæн уыд æппæтадæмонтыл, Хуссар Ирыстоны æмæ дзы Абхазы къордтæ кæй архайдтой, уымæ гæсгæ.

Ацы аз сæ банымайæн уыд æппæтадæмонтыл, Хуссар Ирыстоны æмæ дзы Абхазы къордтæ кæй архайдтой, уымæ гæсгæ.

Æнæнхъæлæджы уавæрты ирвæзынгæнджытæ цы зонындзинæдтæ райстой æмæ сæ ахуыртæ куыд цыдысты, ууыл нæ дарддæры æрмæг.

Цъæйы комы æрцыд зæй. Адæймаг миты бын фæци æмæ йæхи миты уацарæй йæ бон суæгъд кæнын нæу …. Ахæм у ирвæзынгæнджыты радон ахуырты таурæгъ.

Æнæнхъæдлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты къорд атындзыдта, миты бын чи фæци, уымæ. Сæрмагонд кусæнгарз – бипперы æххуысæй йæ цалдæр минутмæ ссардтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрыгон чызгæн йæ къах у саст. Æвæстиатæй йын кæнынц медицинон æххуыс. Æрмæстдæр æй уый фæстæ æрхæссæн уыдзæн бынмæ.

Ахæм ахуыртæ Цъæйы комы вæййынц æрвылаз дæр. Фæархайынц дзы ирвæзынгæнджытæ Цæгат-Кавказы федералон зылдæй, Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй æмæ æндæр горæттæй. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Цъæйы комы æрдзон уавæртæ иттæг хорз сты ахуыртæн. Сæ куысты рæстæг дæр арæх сæмбæлынц нарæг кæмттыл, бирæ мит кæм ис, ахæм фæзуæттыл, рацæуынц дзы зæйтæ. Афтæмæй ирвæзынгæнджытæ хуыздæр базонынц куысты фæтк, æнæнхъæлæджы уавæрты тагъд куыд архайын хъæуы, уый.

Ацы хатт ахуырты архайдтой Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ирвæзынгæнджыты къордтæ. Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты агурæн-сгарæн къорды сæргълæууæг Мартанты Дмитрий куыд загъта, афтæмæй тынг разы у, ахуыртæ куыд цæуынц, уымæй. Сæ къордæй раздæр къахдзоныгътыл ничи цыд. Ныр та уæндонæй бырынц хæхтыл.

Мартанты Дмитрий, Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты агурæн-сгарæн къорды сæргълæууæг: «Нæ республикæйы ирвæзынгæнджыты къорд, стæм 4 лæппуйы æмæ фыццаг хатт стæм ам. Уый размæ дæр никуыдæм цыдыстымæ ахуыртæм. Афтæмæй та нæм ис ирвæзынгæнджыты къорд. Ссыдыстæм ардæм æмæ тынг разы стæм куыд нæ ахуыр кæнынц, куыд нын амонынц, куыд ныл сæмбæлдысты, уымæй. Фæнды нæ фылдæр зонындзинæдтæ райсын æмæ уæд нæ куыст фæхуыздæр уыдзæн. Фæарæхстджындæр уыдзыстæм. Нæ бон уыдзæн фылдæр адæмæн æмæ хуыздæр баххуыс кæнын».

Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управленийы хицау Александр Хоружийы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Цъæйы комы ис æппæт фадæттæ, ахуыртæ дзы афæдз цалдæр хатты аразынæн. Æрдзон уавæртæй дарддæр раппæлинаг у ахуырадон базæ дæр. Афтæмæй бæрзонддæр кæны ирвæзынгæнджыты дæсныйад, фылдæр кæнынц сæ зонындзинæдтæ æмæ архæстдзинад.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania