Видеобастдзинады фæрцы æрфарстой Елойты Батрадзы
Къуырийы фæстæ та Ленины номыл тæрхондоны райдыдтой байхъуыстытæ Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл. Видеобастдзинады фæрцы æрфарстой Елойты Батрадзы. 2015-æм азы уыд, Цъыккаты Владимир цы пъæлицæйы управленийы фарстой, уый разамонæг. Йæ ныхасы фидарæй загъта, уыцы хсæв, Владимир æмæ ОМОНы службæгæнæг Плиты Роланы хсæн быцæу куы сæвзæрд, уæд æвæстиатæй рацыд бынатмæ, уыцы рæстæгмæ дзы куыста слестгæнæн-оперативон къорд. Иннæ бон, 31-æм октябры, 15610 минутыл йæм телефонæй æрбадзырдта уголовон агуырды сæргълæууæг, Нанийы-фырт æмæ фехъуысын кодта пъæлицæйы хайадмæ кæй æрбаластой гуырысхо кæуыл кæнынц, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы бон, изæры 6 сахатыл раздæхт мидхъуыддæгты управленимæ, цæмæй почтæмæ бацæттæ кæна хъусынгæнинаг,фæлæ Цъыккаты Владимиры цы кабинеты баурæдтой, уырдыгæй ницы хъæлæба хъуыст. Елойты Батрадз ма бафтыдта, зонгæ дæр æй кæй нæ кодта, Владимир дзуапп кæцы кабинеты лæвæрдта, уый. Йæ мæлæты тыххæй та базыдта иннæ бон.




