филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:03 воскресенье, 01 февраля 2026
30 марта 2023, 11:14
Куырттаты комы фæзынд ног арт-объект

Скульптурæ се ппæты зæрдæмæ нæ фæцыд, социалон хызты сæвзæрд быцæутæ

Куырттаты комы фæзынд ног арт-объект. Доны бардуаг Донбеттыр саив кодта Алайнаг моладзандоны раз цæугæдоны был. Ног скульптурæ се ппæты зæрдæмæ нæ фæцыд, социалон хызты сæвзæрд быцæутæ. Фарстатæ ис æрмæст йæ хуызмæ нæ. Арт-объекттæ сæвæрыны размæ профилон ведомствæимæ ныхас вæййы æви нæ, стæй ацы хъуыддаджы бæлвырд домæнтæ ис æви нæ, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фыййагдоны знæт цæугæдоны астæу, чысыл сакъадахы, æрбынат кодта доны бардуаг Донбеттыр. Скульптурæйы хуызист социалон хызты сæвзæрын кодта быцæутæ – иуты зæрдæмæ цæуы, иннæтæ дзурынц йæ ныхмæ. Уыимæ ацы объект авторы хуымæтæг æрхъуыды нæу. У Тугъанты Махарбеджы иллюстрацимæ гæсгæ конд.

Скульптор Зæнджиаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, арт-объект сæвæрын цы амалхъом адæймаг сфæнд кодта, æмæ йæ цы æрмдæсны сæххæст кодта, уыдоны хъæппæрис раппæлинаг хъуыддаг у. Афтæмæй национ эпос парахат кæны.

Æрæджы нæлгоймæгты Алайнаг моладзандонмæ хæстæг цæугæдоныбыл æххæстæй аивгонд æрцыд. Амалхъом адæймаг  Хилакы суадонæй рауагъта дондзæуæн æмæ сæвæрдта бювет – уым алкæмæндæр йæ бон у дон сисын. Фæзындис дзы национ хуызы конд бæстыхай, аив клумбæтæ.

Гуыриаты Валерий, Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг: Уыцы лæппуты зонын хорз. Сæ ныхас сæххæст кодтой, рæсугъддзинад скæндзыстæм, зæгъгæ. Сæвæрдтой ма дзы арт-объект «Донбеттыр». Æрбахуыдтой скульпторы æмæ йыл бацархайдтой. Цæрджытæй æмæ туристтæй бирæты зæрдæмæ цæуы, кæмæндæр та нæ цæуы. Уый мæнмæ гæсгæ æвзæрдзинад нæу. Уадз æмæ рæсугъд уа.

Гуыриаты Валерий куыд загъта, афтæмæй ног арт-объекттæ сæвæрыны размæ, семæ ничи баныхас кæны. Уыимæ хатгай сæвзæры тæссаг уавæртæ.

Гуыриаты Валерий, Фыййагдоны администрацийы сæргълæууæг: Æндæр объекттæ дæр ис – арт-объекттæ. Зæгъæм, барс. Хорз у алцыдæр. Равдисын. Фæлæ æрдзы арт-объект куы æвæрæм, уæд æй хъуамæ иу адæймаг ма æвæра. Хъуамæ иумæ фенæм, æркæсæм иумæйагæй, æмæ хуыздæр куыд у, афтæ бакæнæм. «Снежный барс» сæвæрдтой тынг тæссаг ран. Æмæ дзæ, хъыгагæн, иу лæппу сæфгæ дæр фæкодта.

Фыццаг 10 арт-объекты республикæйы фæзындысты туризмы комитеты хъæппæрисæй. Бынæттæ сын æвзæрстой лæмбынæгæй. Сæвæрдтой сæ, ныридæгæн цы туристон маршруттæ ис, кæнæ та туристтæн фидæны цы ног локацитæ нысан кæнынц, уым,

Туризмы республикон комитеты районты администрацитимæ райдыдтой арт-объекттæ æвæрыны æгъдæуттæ фидар кæныныл кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania