филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 21 сентября 2024
21 ноября 2012, 09:42
Куырттаты комы цæрджыты тыхсын кæны, донивылдтыты рæстæг рагон тъунел куы ратона, уый

Куырттаты комы бирæ азты размæ амал кодтой згъæрдур. Фабрикæ рагæй нал кусы, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта зианхæссæг хауæццæгтæ. Милуангай тоннæты бын кæддæр арæзт æрцыд тъунел, цæуы дзы чысыл хæххон цæугæдон.

Куырттаты комы бирæ азты размæ амал
кодтой згъæрдур. Фабрикæ рагæй нал кусы, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта
зианхæссæг хауæццæгтæ. Милуангай тоннæты бын кæддæр арæзт æрцыд

тъунел, цæуы дзы чысыл хæххон цæугæдон. Хæхбæсты цæрæг адæмы тыхсын
кæны, донивылдтыты рæстæг тъунел куы ратона, уый. Уавæрмæ сæ цæст дарынц
специалисттæ.

Ацы кадртæ не сфæлдыстадон къорд систа
уалдзæджы. Бирæ азты размæ Фыййагдоны згъæрыссæн фабрикæйы хауæтдзæгтæ
ныгæд кæм æрцыдысты, уыцы бынат бабæрæг кодтой сæрмагонд къамисы уæнгтæ.
Хæхбæсты цæрæг адæмы рагæй тасы æфтауы, донивылдтыты рæстæг уæззау
згъæрты дон йæ разæй кæй рахæсдзæн, уый. Æмæ уæд Фыййагдон зианхæссæг
буаргъæдтæй байдзаг уыдзæн. Экологты хъуыды дæр уыд ахæм.

Æлборты Иван, эколог: «Æмæ æрмæст Фыййагдоны донмæ нæ, буаргъæддæ ныххæццæ уыдзысты суанг Хъаспийы денджызмæ дæр».

Специалистты сæйраг фарста у, ацы
хъуыддаг ма руадзынæн æвæстиатæй мадзæлттæ ссарын. Зæххы бынты кæддæр
арæзт цы тъуннел æрцыд, уымæн рæстæджы цыдимæ йæ иу хай бынтондæр
ныппырх. Æмæ тæссаг у, коммуникацитæ цæугæ дон куы нæ бауромой, уымæй.
Ныртæккæ донмæ йæ цæст дары æрдзхъахъхъæнынады комитет. Мæй дыууæ хатты
специалисттæ фенынц уавæр, сбарынц доны æмæ мæры æмвæзад.

Абайты Руслан, РЦИ-Аланийы паддзахадон
унитарон куыстуат «Севосетингеоэкомониторинг»-ы директоры хæдивæг:
«Фыццаджыдæр хъæуы донвæд иннæ уылты рауадзын. Цæмæй куыстытæ ма
къуылымпы кæной, уый тыххæй. Ууыл ныридæгæн кусынц инженертæ. Æппæт
домæнтæ æххæст кæнгæйæ фидаргонд æрцæудзæн проект».

Хъуыддаг сæдас кæныны куыстытæ
специалистты хъуыдымæ гæсгæ кæнын хъæуы дыууæ къæпхæнæй. Фыццаджыдæр
экологи æмæ адæмы згъæрыссæн фабрикæййы зианхæссæг хауæццæгтæй
бахъахъхъæнын. Уый фæстæ ныхас кæнæн уыдзæн хауæтдзæгтæ Мызуры
хъæздыггæнæн фабрикæйы арæзтады спайда кæнæн. Уыл бакуыстой Цæгат
Кавказы хæххон металлургон институты ахуыргæндтæ.

Хъарданты Алыксандр,РЦИ-Аланийы
паддзахадон унитарон куыстуат «Севосетингеоэкомониторинг»-ы директоры:
«Куыстытæ кæнын райдайдзысты проект цæттæ куы уа, уæд».

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй
проектыл бакусынæн нырма рæстæг ис. Къæвдатæ арæх кæй нæ уары, уымæ
гæсгæ уалдзæгæй нырмæ тъуннелы сæрмæ мæр тынг нæ ныккалд. Æппæт хъæугæ
гæххæттытæ куы бацæттæ кæной, уæд Фыййагдоны згъæрыссæн фабрикæйы
хауæтдзæгты фарста алыг кæныны хъуыддаг хаст æрцæудзæн федералон
программæмæ. Ног тъуннелы проект цæттæ уыдзæн иннæ азы райдиан. Уый
тыххæй уал фæндаг рæстæгмæ ахæссын хъæуы комы галиу фарсмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania