филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 вторник, 16 декабря 2025
12 февраля 2013, 17:17
Куыстуæттæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл бæрнон ныхас

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыдысты Уæрæсейы Федерацийы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæстдарды архайды департаменты директоры хæдивæг Александр Лукашевич

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыдысты Уæрæсейы Федерацийы æнæнхъæлæджы цауты министрады цæстдарды архайды департаменты директоры хæдивæг Александр Лукашевич, стæй цæгаткавказаг регионалон центры хицауы хæдивæг Александр Барсуков.

Фембæлдысты республикæйы амалхъом адæймæгтимæ. Архайдтой дзы æхсæнадон организациты минæвæрттæ дæр. Ныхас цыд, куыстуæтты зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Æрдзырдтой, æрæджы, Дзæуджыхъæуы базарадон комплекс «Глобус»- ы цы зынгсирвæзт æрцыд æмæ йын цавæр аххосæгтæ уыд, ууыл дæр. Куыд загътой, афтæмæй æнæнхъæлæджы цау æрцыд, домæнтæ се `ппæт æххæстгонд кæй не рцыдысты, уый тыххæй. Амалхъом адæймæгтæ рахастой фæндон, цæмæй ма теоретикон зонындзинæдтæй уæлдай сæ кусджытæн управленийы руаджы арæзт цæуой практикон ахуыртæ дæр. 2007-æм азæй фæстæмæ зынгсирвæзтытæм цæстдарды управлени нал ис, арæзтадон объекттæ чи бæрæг кæны, уыцы къамисы хыгъды. Уымæ гæсгæ сын нæ вæййы, зынгсирвæзтытæм чи расайдзæн, ахæм хъæндзинæдтæ афойнадыл рабæрæг кæныны фадат. Управленийы кусджытæ куыд загътой, афтæмæй сæм амалхъом адæймæгтæй цы куырдиæттæ цæуа, уыдонæн се *ппæтæн дæр лæвæрд æрцæудзæн дзуæппытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania